«Херитидж Фаундейшн» - Демократизацийы цæстæнгасæй, Гуырдзыстон дæнцон у Евразийы регионы
Америкаг иртасæн организаци «Херитиджы Фоундейшн», публикаци скодта хыгъдлæвæрд сæргондæй – «АИШ-Гуырдзыстоны ахастыты 2020 азы фондз сæйраг приоритет».
Хыгъдлæвæрды автор у Уæрæсейы æмæ Евразийы фарстаты иртасаг ассистент Алексис Мрачек.
Хыгъдлæвæрды мидæг банысангонд у, цæмæй 2020 аз, нысаниуæгджын уыдзæн АИШ-Гуырдзыстоны ахастыты.
Автор фыссы, цæмæй зæгъгæ Гуырдзыстон егъау нысаниуæгджын у Америкæйы Иугонд Штаттæн. Фыццаджы дæр, Гуырдзыстон зæгъгæ, Афгъанистан æмæ Иракъы сбæлвырд кодта, æууæнкаг æмцæдисон кæй у – уый, азты дæргъы дыууæдæр миссимæ, æххуысы фæлгæтты, мингай гуырдзиаг æфсæддон æрцыд æрвыст уырдæм.
Автор афтæдæр хахх кæны Гуырдзыстоны равæрд. «Дыккаг – Гуырдзыстоны равæрд, Европæ æмæ Азийы алвæндагыл, хæссы егъау стратегион нысаниуæг. Гуырдзыстоны территорийыл уылты цæуынц нефты æмæ газы æлхынцъон хæтæлвæдтæ æмæ æфсæнвæндагон маршруттæ, кæцы афтæдæр тынг ахсджиаг у Европæйы æдасдзинадæн. Ацы хæтæлвæдты нымæцы ис Баку-Тбилис-Джейханы æмæ Баку-Супсайы нефтуадзæнтæ, афтæдæр Хуссары газы транзитон къæлидор æмæ Баку-Тбилис-Хъарсы æфсæнвæндаг – сегасæй нысаниуæгджын æфсæнвæндагон магистрал Гуырдызстоны территорийыл»- банысангонд у статийы.
Афтæма, хыгъдлæвæрды фыст ис регионы демократизацийы цæстæнгасæй, Гуырдзыстон дæнцон у Евразийы регионы. Зæгъæн ис, 20 азы дæргъы Гуырдзыстон бæлвырд кæны трансатлантикон æхсæнадмæ иузæрдыгдзинад æмæ стыр нысаниуæг дæтты йæ территорион æнæхъæндзинадæн.
«Херитиджы Фоундейшныл» публикацигонд хыгъдлæвæрды мидæг, хъусдард здæхт у сæйраг приоритетты æрдæм æмæ банысангонд у, цæмæй Гуырдзыстонмæ иузæрдыгдзинады æмæ æххуыс адарддæр кæнынæн, 2020 азы АИШ-æ хъусдард хъуамæ раздаха фондз сæйраг приоритеты æрдæм. Ацы приоритеттæ сты Гуырдзыстоны сæрибар æмæ рæстаг парламентон æвзæрстытæн æххуыс; Гуырдзыстонимæ сæрибар базарады фæдыл бадзырд баахъаз кæнын; НАТО-мæ гæсгæ Гуырдзыстоны тырнынадæн æнцой дарын; хъахъхъæнынады сферæйы дыууæфарсон ахастыты фæфидар кæнын æмæ Гуырдзыстон басхойын Анаклиайы портæн ног инвестор бацагуырды цæстæнгасæй.
«Гуырдзыстонæн ацы порт æнæмæнгхъæугæ у, кæцы скусын кæндзæн бæстæмæ цы логистикон потенциал ис уый стыр хай æмæ ноджы хуыздæр равдисдзæн Гуырдзыстоны, дунейы картæйыл. Уый егъау æххуыс уыдзæн бæстæйæн, куыд экономикон, афтæ политикъон цæстæнгасæй. Уымæй уæлдай, Анаклиайы порт фæарфдæр кæндзæн АИШ-Гуырдзыстоны дыууæфарсон ахастытæ. Конгресс æмæ администраци, хъуамæ баахъаз кæной æмæ фæдзурой Гуырдзыстонмæ, ссара ног инвесторы Анаклиайы портæн, сног кæна проекты æххæст кæнын æмæ йæ кæронмæ бакæна»,- банысангонд у «Херитиджы Фоундейшны» публикацигонд хыгъдлæвæрды.