ИНО-йы информацийæ, Украинамæ Уæрæсейы  лæбурдæй  иууыл цъус  64 сабырадон æмбæстаг амард, хæстон архæйдтыты тыххæй та, сæ хæдзæрттæй сыстын тыхбын баис160 000-æй фылдæр адæймаг
ИНО-йы информацийæ, Украинамæ Уæрæсейы лæбурдæй иууыл цъус 64 сабырадон æмбæстаг амард, хæстон архæйдтыты тыххæй та, сæ хæдзæрттæй сыстын тыхбын баис160 000-æй фылдæр адæймаг

ИНО-йы информацийæ, Украинамæ Уæрæсейы  лæбурдæй  иууыл цъус   64 æмбæстагон гоймаг  фæхъуыд.  ИНО-йы гуманитарон  фарстаты координацийы  офис, Украинайы  уæвæг уавæрмæ  шæсгæ   хыгъдлæвæрд   публикаци скодта.

Документмæ гæсгæйæ,   Уæрæсейы  гарзджын  тыхтæ  интенсивон  бырстытæ æххæст кæнынц  Украинайы  сæйраг   горæттæм,  сæ нымæцы   Киевмæ, Харьковмæ, Херсон æмæ Одессамæ.

ИНО-йы   информацийæ, 26  февралы  бæрæггæнæнтæй,  Украинамæ Уæрæсейы  лæбурдæй  иууыл цъус   64 æмбæстагон гоймаг  фæхъуыд, фæцæф сты   иууыл  цъус  176.  ИНО-йы  офсимæ гæсгæйæ,   фæмардуæвджыты  æмæ  цæфты  нымæц   иннæ  бонты  ноджы гæнæн ис  фæфылдæр уа.

Хыгъдлæвæрды  банысангонд у, цæмæй   хæстон архæйдтыты  тыххæй, сæрмагонд  хæдзæрттæ фæуагъдтой  160 000-æй  фылдæр  адæймаг, бæстæйæ та   ралыгъд  116 000-æй фылдæр.

Уыимæ  æмбæстагон инфраструктурæйы  зианы тыххæй, сæдæгай   мин адæймаг æнæэлеткроэнерги æмæ  æнæдон баззад.  Документмæ гæсгæйæ,   æдасдзинады æрдгæй,  уавæры фæфыддæры тыххæй   ИНОйы  агентадты æмæ  гуманитарон организацитæ тыбын фесты  æндæр æмæ æндæр операциты бауромын , фæлæ  бæстæйы  лæууынц æмæ   адарддæр кæнджысты гуманитарон æххуыс, уавæр сын уый фадат куы ратдзæн афтæ.