Джилиан Стирк -  фондз хицæн уацхæссæг дæр, кæцытæм дарттам цæст, политикон æмæ бизнес интерестæн лæггад кодтой, архайдтой партион интерестæм гæсгæйæ
Джилиан Стирк - фондз хицæн уацхæссæг дæр, кæцытæм дарттам цæст, политикон æмæ бизнес интерестæн лæггад кодтой, архайдтой партион интерестæм гæсгæйæ

OSCE/ODIHR  сæххæст кодта  медийы   мониторинг  æмæ   рабæрæг кодта плюралистон  медиа-æрдз, фæлæ  уæддæр уыд  поляризацигонд    медиа-æрдз  кæцы политикон, бизнес интерестæн лæггад кодта  æмæ  фондз  хицæн   уацхæссæг дæр,  партион нысанæй архайдтой – уый фæдыл  OSCE-ы демокративон институтты  æмæ  адæймаджы барты  офисы (OSCE/ODIHR) арæнгонд æвзарæнон  цæстдарæгон миссий ы  къухдариуæггæнæг  Джилиан  Стирк  райхъусын кодта.

Афтæма  æвзарæнон кампанийы срухс кæныны тыххæй,   уый  загъта, цæмæй   нæ  уыд   политикæйы фæдыл  дискусси  æмæ аналитиконæй  нæ рухс  кодтой  уавæр,   цæй  тыххæй  дæр,  æмбæстæгтæм нæ уыд   фадат,  информиргондæй  сарызтаиккой  сæрмагонд æвзæрст.

«Нæ мисси уыд  арæнгондл æвзарæнон-цæстдарæгон  мисси. Æз дæн йæ къухдариуæггæнæг  æмæ  нырид мæйййæ фылдæр у  бæстæйы  стæм, кæцыйы  фæрцы    нын  уыд фадат , цæст бадарын разæвзарæнон периодмæ, афтæма   закондæттæн фæлгæт æмæ  кандидатты   регистрацимæ,  афтæма  йæхæдæг кампанийы  сæххæстмæ æмæ уымæ, цæмæй   куыд  цыдис  æвзæрстытæм цæттæдзинад.  Системон  мониторинг кодтам æмæ   нæ цæст дарттам авд сæйраг уацхæссæгмæ,  фондз хицæн æмæ  дыууæ та Æхсæнадонмæ.   Мониторингы  бындурыл   нæ бон зæгъын у, цæмæй  техникон  аспекттæ  эффективонæй  цыдысты æххæст.  ЦÆК  йæ зæрдыл бадардта    æмæ  бахъахъъхæдта  барадон æмгъуыдтæ,  фæлæ   бирæ  нысаниуæгджын фарста нæ  кастæуыд   уыцы  æргом регулярон   сесситыл, кæцыты арызта  Цæк.   Хицаугæнæг парти   æцæгæдæр доминантæй  уыд æвзарæнон   администрацийы æмæ  уый та æппæрццаг фæзындис  адæймæгты тæлмæныл  æвзæрстыты хæдбарады  æрдгæй» –  райхзуъсын кодта  Джилиан Стирк.

Афтæма  йæ ныхæстæм гæсгæ,   парламентон æвзæрстытыл  хъуыды равдысты сæрибардзинад уыд  хъахъхъæд.

«Уыдис нын  фембæлдтæ политикон  партитимæ, æмбæстагон дзыллæйы  минæвæрттимæ,  масмедиимæ æмæ бирæ аххосæгтæ фехуъсытам   уый тыххæй,  цæмæй æнхъæлцау  цыдис  æвзæрстгæнджытыл æлхъывд.    Афтæма   нæ цæст бадардтам æвзæрстытæм цалдæр фадыгыл  æмæ  нæ парламентон   партнертау,   фæфиппайдтам, цæмæй  координатортæ,  партийы  минæвæрттæ æмæ активисттæ   лæууыдысты  æддæйæ,  кæцы  æвзæрын кодта  тасæфтауæг эффект.  Афтæдæр уыд  аххосæгтæ   уый  фæдыл, цæмæй  дырысæй  дих нæ цыдис  , паддзахад æмæ  парти.  Æцæгдæр хъыгаг  у, цæмæй  ацы  элементтæ уыдис. Уæддæр хъуамæ банысан уа, цæмæй   сæйраг  сæрибардзинæдтæ,  хъуыды равдысты  сæрибардзинад æмтгæй зæгъгæйæ  уыд  хъахъхъæд.

Медийы  тыххæй  куы  зæгъæм уæд, ODIHR  сæххæст кодта  уацхæссæг медийы  мониторинг æмæ рабæрæг кодта плюралистон  медиа-æрдз, фæлæ  уæддæр уыд  поляризацигонд    медиа-æрдз  кæцы политикон, бизнес интерестæн лæггад кодта  æмæ  фондз  хицæн   уацхæссæг дæр,  партион нысанæй архайдто.  Афтæма, æвзарæнон кампанийы  рухс кæнын рæстæджы,  нæ  уыдис политикæйы фæдыл дискусси  æмæ  аналитиконæй  нæ рухс  кодтой  уавæр,   цæй  тыххæй  дæр,  æмбæстæгтæм нæ уыд   фадат,  информиргондæй  сарызтаиккой  сæрмагонд æвзæрст.

Фæнды мæ дзуапп раттон  уыцы ныхæстæн, кæцытæ  загъдæуыд æххуысы  фæдыл.  Æцæгдæр  сæххæст ис  кусæн  ситуаци фæхузыдæр кæнынæн, афтæма  хъуамæ банысан уа   закондæттæн фæлгæты фæхузыдæр,  инклюзивон  консультацион  процесс,  бирæ  ивддзинад дæр уыд  рагхыгъд  æмæ  ист.  Иурæстæгонæй,   нæ фембæлдтыл  уыцы   баст фарсытæ  равдыстой хъыгдзинад  æмæ  зæрдæхсайд  æвзарæнон администрацийы  æххæст кæнын æмæ сæххæсты   цæстæнгасæй,  афтæма  уый æххæссыд  кампани æмæ кампанийы финансдзинады  фарстæтæм.  Уый у  иуæй-иу  сæйраг  амынд нæ  фидиуæны, цæмæй   ацы  сферæйы   бирæ  куыст æцæгдæр сыххæст æмæ дзы  цы æхуыздæр уыдон  ффæбæрæг тсы, фæлæ нырма  ноджы   бирæ  цыдæр  саразын хъæуы.  Æмæ   кæддæриддæр ODIHR цæттæ у,  æркуырды  цауы  уын баххуыс уа» –  райхъусын кодта Джилиан Стирк.