публикаци кæны Гуырдзыстоны парламентон æвзæрстыты фæдыл хыгъдлæвæрд
Националон Демократон Институт (NDI) публикаци кæны Гуырдзыстоны 2020 азы 31 октябры парламентон æвзæрстыты фæдыл хыгъдлæвæрд.
«NDI»-ы банысан кодтой, цæмæй фæстиуджыты протоколты аиппытæ, æвзарæнон фадгуытыл мидæгæй кæнæ æддæйæ гæнæн тасæфтауыны фæдыл ахæлиугонд информаци, фæстиуджыты фæстиатæй публикаци кæнын æмæ разæвзарæнон периоды хицаудзинадæй фыдвæнд спайдайы иудадзыг æнкъарæн, 2020 азы 31 октябры парламентон æвзæрстыты закондæттæн базæйы æмæ администрацион процедурæты нысаниуæгджын фæхуыздæр бамынæг кодта.
«Фыццаг туры фæстиуджыты бахыгъды æмæ 21 ноябрмæ плангонд дыккаг турмæ цæттæдзинады фоныл, æвзæрстыты процессы сæвзæргæ зæрдæхсайды лщуаппæн, афтæдæр æвзарæнон процессы æмæ кæройнаг фæстиуджытæм æхсæнады æууæнк сбæрзонддæр кæнынæн, хицауады лидерты æмæ æвзарæнон администрацийы бахъæудзæн уæлвæткон къахдзæфтæ саразын» – дзырдæуы хыгъдлæвæрды.
«Æцæг у кампани гом æмæ плюралистон уыд, фæлæ æвзæрстыты бон æрбаввахсимæ иумæ, уавæр ныттынг ис æмæ фæфылдæр сты бырстыты цаутæ. Партитæ, æмбæстагон æхсæнады организацитæ æмæ медиа рауагъдадтæ, кампанийы периоды тыхмидзинады æмæ тасыæфтауыны бирæ факттæ сфикисир кодтой. Хæлиу кодтой аххосæгтæ паддзахадон ресурстæй фыдвæнды спайдайы фæдыл. Афтæма, тынг арæх уыд хъусинæгтæ æвзæрстгæнджытæн гæртамы раттыны фæдыл. Æвзарæнон системæйы ивддзинæдтæ къухаразæг уыдысты æвзæрстыты ног партиты хайад райсынæн, кæцытæй цалдæр парламент он пмандаттæ дæр райстой. Фæлæ медийы поляризацийы тыххæй партиты телеуынынадæй рухс кæнын æнæмбæрцæй кæнæ та сын нæ уыд рæувадат. Кампанийы æрвитæггæгтæ конструкцтивон æмæ хъауджы политикон цæстæнгасы æмæ уынаффæтæй фылдæр, оппонентты критикæйыл уыд ориентацигонд» – хъусын кæнынц Националон демократон институты.
«Хыгъдлæвæрд у развæлгъау равгы. Официалон фæстиуджытæ кæронбæттæн не сты, æвзарæнон хъасттæ бахаст æмæ ксæ каст нырма нæ фæцис,, дыккаг туры фæстиуджытæ та, иуыл цъус фидæн æртæ къуырийы дæргъы нæ уыдзæн бæрæг. Фæстагмæ æвзæрстытыл æууæнк æмæ сæ легитимондзинад фæбæрæг кæндзæн Гуырдзыстоны адæм. NDI адарддæр кæндзæн æвзарæнон фæзындты мониторинг æмæ бахъуаджы цауы дарддæр публикаци кæндзæн фидиуæнтæ» – банысангонд у националон демократон институты фидиуæны.