«Херитидж Фаундейшн» - Демократизацийы цæстæнгасæй, Гуырдзыстон дæнцон у Евразийы  регионы
«Херитидж Фаундейшн» - Демократизацийы цæстæнгасæй, Гуырдзыстон дæнцон у Евразийы регионы

Америкаг иртасæн  организаци «Херитиджы  Фоундейшн», публикаци  скодта хыгъдлæвæрд  сæргондæй – «АИШ-Гуырдзыстоны  ахастыты  2020 азы фондз сæйраг приоритет».

Хыгъдлæвæрды  автор у   Уæрæсейы æмæ  Евразийы  фарстаты   иртасаг ассистент  Алексис Мрачек.

Хыгъдлæвæрды  мидæг банысангонд у, цæмæй  2020   аз, нысаниуæгджын   уыдзæн  АИШ-Гуырдзыстоны  ахастыты.

Автор фыссы, цæмæй зæгъгæ  Гуырдзыстон егъау нысаниуæгджын  у  Америкæйы  Иугонд Штаттæн.  Фыццаджы дæр,  Гуырдзыстон зæгъгæ, Афгъанистан  æмæ Иракъы  сбæлвырд кодта, æууæнкаг  æмцæдисон кæй  у – уый,  азты  дæргъы   дыууæдæр миссимæ, æххуысы  фæлгæтты,  мингай   гуырдзиаг æфсæддон æрцыд æрвыст уырдæм.

Автор  афтæдæр  хахх  кæны  Гуырдзыстоны равæрд.  «Дыккаг –  Гуырдзыстоны  равæрд, Европæ æмæ Азийы  алвæндагыл, хæссы  егъау  стратегион   нысаниуæг.  Гуырдзыстоны  территорийыл уылты  цæуынц  нефты æмæ   газы  æлхынцъон  хæтæлвæдтæ  æмæ æфсæнвæндагон  маршруттæ, кæцы  афтæдæр тынг ахсджиаг у  Европæйы  æдасдзинадæн.   Ацы  хæтæлвæдты  нымæцы ис Баку-Тбилис-Джейханы æмæ   Баку-Супсайы   нефтуадзæнтæ, афтæдæр  Хуссары   газы  транзитон  къæлидор  æмæ Баку-Тбилис-Хъарсы   æфсæнвæндаг – сегасæй   нысаниуæгджын   æфсæнвæндагон магистрал Гуырдызстоны территорийыл»-  банысангонд у   статийы.

Афтæма,  хыгъдлæвæрды  фыст ис   регионы   демократизацийы  цæстæнгасæй,  Гуырдзыстон  дæнцон у  Евразийы  регионы.  Зæгъæн ис,  20  азы   дæргъы   Гуырдзыстон бæлвырд кæны   трансатлантикон  æхсæнадмæ  иузæрдыгдзинад  æмæ стыр нысаниуæг дæтты  йæ  территорион æнæхъæндзинадæн.

«Херитиджы  Фоундейшныл» публикацигонд  хыгъдлæвæрды  мидæг,  хъусдард  здæхт у  сæйраг приоритетты æрдæм  æмæ  банысангонд у, цæмæй  Гуырдзыстонмæ  иузæрдыгдзинады  æмæ  æххуыс адарддæр кæнынæн, 2020 азы  АИШ-æ   хъусдард  хъуамæ  раздаха  фондз сæйраг  приоритеты æрдæм.  Ацы приоритеттæ  сты   Гуырдзыстоны   сæрибар æмæ рæстаг  парламентон æвзæрстытæн  æххуыс; Гуырдзыстонимæ   сæрибар  базарады  фæдыл бадзырд баахъаз кæнын; НАТО-мæ гæсгæ   Гуырдзыстоны  тырнынадæн æнцой дарын;  хъахъхъæнынады   сферæйы   дыууæфарсон  ахастыты  фæфидар кæнын  æмæ Гуырдзыстон басхойын Анаклиайы  портæн  ног  инвестор  бацагуырды  цæстæнгасæй.

«Гуырдзыстонæн ацы  порт  æнæмæнгхъæугæ у, кæцы  скусын кæндзæн  бæстæмæ цы логистикон потенциал ис  уый  стыр хай æмæ  ноджы  хуыздæр  равдисдзæн Гуырдзыстоны,   дунейы  картæйыл.  Уый  егъау  æххуыс  уыдзæн бæстæйæн, куыд   экономикон, афтæ  политикъон  цæстæнгасæй.  Уымæй  уæлдай, Анаклиайы  порт   фæарфдæр кæндзæн   АИШ-Гуырдзыстоны  дыууæфарсон ахастытæ. Конгресс æмæ  администраци, хъуамæ  баахъаз кæной  æмæ  фæдзурой  Гуырдзыстонмæ,  ссара ног инвесторы Анаклиайы   портæн,  сног кæна  проекты  æххæст кæнын æмæ  йæ  кæронмæ бакæна»,- банысангонд у  «Херитиджы  Фоундейшны» публикацигонд   хыгъдлæвæрды.