Хъахъхъæнынады министр НАТО-йы генералон нымæрдары минæваримæ фембæлдис
Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министр Джуаншер Бурчъуладзе Кавказ æмæЦентралон Азийы НАТО-йы генералон нымæрдары специалон минæвар Хавьер Коломинайæн сфысым кодта.
Хъахъхъæнынады министрады пресскуысты хъусинагæй, Джуаншер бурчъуладзе Хавьер Коломинайæн Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн фарсхæцыны тыххæй раарфæ кодта.
«Фембæлдыл фарсытæ регионы уæвæг æдадсзинады уавæр æмæ æртхъирæнтыл фæныхас кодтой. Украинайы айтынггонд фæзындты æмæ æдасдзинады рæзгæ æртхъирæны фоныл, хъахъхъæнынады министр хъусдард раздæхта Гуырдзыстоны иргъæфхъомады, фæразондзинады, киберхъахъхъæды фадæтты, НАТО-имæ æмбынатдзинад сбæрзонддæры æрдæм æмæ ацы процессы альянсы политикон æмæ практикон æмгуыстад фæарфдæры æнæмæнгхъæуындзинадыл фæныхас кодта.
Джуаншер Бурчъуладзе альянсы минæварæн НАТО-Гуырдзыстоны архайадон пакетæй (SNGP) бæрæг инициативæты фæлгæтты баххæсгæ æнтыстытæ æмæ сыххæст активондзинæдтæ базонын кодта. Сæрмгаонд хъусдард уыдис Мадриды Саммитыл лæвæрд «Гуырдзыстоныл арызт фарсхæцыны документмæ», кæцы бæстæйы иргъæфхъомад стыхджын кæнын, архайадон пакеты стынг кæнын æмæ æмцæдисонты æрдгæй архайадон мадзæлттæ ауадзын дары йæ хуъыдыйы», – дзырдæуы хъахъхъæнынады министрады пресскуысты инфоромацийы.
Кавказы æмæ Централон Азийы НАТО-йы генералон нымæрдары специалон минæвар Гуырдзыстонмæ æрцыд кусæн визитæй, регионон турнейы фæлгæтты.