Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили фембæлдис НАТО-ы генералон нымæрдары специалон минæвар Хавьер Коломинаимæ.
Фембæлдыл ныхас уыдис бæстæйы евро-атлантикон интеграцийыл, Гуырдзыстонæн Евроцæдисы уæнгдзинады кандидаты статус раттыныл, НАТО-Гуырдзыстоны ахастытыл, Гуырдзыстоны плангонд 2024 азы æвзæрстытыл.
Хавьер Коломина Гуырдзыстоны президентæн сæрмагондæй раарфæ кодта Гуырдзыстонæн евроцæдисы уæнгтæм кандидаты статусы райст. НАТО-ы Генералон нымæрдары специалон минæвар бахахх кодта бæстæйы евроинтеграцийы процессы падздахадон институтты активон æмархайды нысаниуæг, афтæма институцион æмæ демократон реформæты сæххæсты нысаниуæг.
Фембæлдыл банысан ис, цæмæй плангонд парламентон æвзæрстыты цæстæнгасæй, бæстæйæн фидæн аз ноджы нысаниуæгджындæр у, цæмæй æвзæрстытæ ацæуа демократон æмæ рæстаг уавæрты.
НАТО-ы генералон нымæрдары специалон минæвар ноджы иу хатт сбæлвырд кодта Гуырдзыстоны суверенитет æмæ терриоритон æнæхъæндзинадæн æнæцудгæ фарсдарын.
Гуырдзыстоны президент уазæгæн базонын кодта информаци змæлгæ оккупацийы æмæ оккупацигонд территорийыл уæвæг уавæры фæдыл, кæцы Гуырдзыстоны æмбæстæгты марындзинæдты æмæ адæймаджы барты халындзинадимæ у баст æмæ кæцыйыл æхсæнадæмон дзыллæ карз реакци хъуамæ равдиса.
Фембæлдыл фарсытæ фæныхас кодтой НАТО-Гуырдзыстны ахастытæ стынг æмæ райтынг кæныны фарстатыл. Фæнысан ис цæмæй нысаниуæгджын у фидæн азы Вашингттоны плангонд НАТО-йы юбилейон саммитыл Гуырдзыстон бæрзонддæр æмвæзадыл уа бавдыст.
Информаци публикаци кæны Гуырдзыстоны президенты администраци.