Хавьер Коломина – мæ хъуыдымæ гæсгæйæ,  Гуырдзыстон уыдзæн бавдыст Вашингтоны  саммитыл, нырма нæ зонын цы æмвæзадыл, фæлæ  уырнæг дæн, фæхонынæн  æгъгъæд бындур ис
Хавьер Коломина – мæ хъуыдымæ гæсгæйæ, Гуырдзыстон уыдзæн бавдыст Вашингтоны саммитыл, нырма нæ зонын цы æмвæзадыл, фæлæ уырнæг дæн, фæхонынæн æгъгъæд бындур ис

Нырма  дзурын дæр нæ райдыдтам  Вашингтоны саммитмæ партнерты хуындыл, амæйразмæ райдыдтам уынаффæ, цы уыдзæн  бындурон æмæ приоритетон  ацы саммитыл – уый фæдыл  Кавказ æмæ Централон Азийы  НАТО-йы  генералон   нымæрдары  специалон  минæвар  Хавьер Коломина райхъусын кодта.

Коломинайы дзырдæй, зæгъгæ æгъгъæд бындур ис  уый тыххæй цæмæй Гуырдзыстон Вашингтоны саммитмæ уа  хуынд.

«Ацы  этапыл нырид мæ  бон зæгън у, цæмæй  фæкусдзыстæм  партнерты æхсæн  уыцы  атмосферæ саразыныл, кæцы  хуыйны Украинайæн æххуыс, адарддæр кæндзыстæм кусын  хъахъхъæды æмæ  уромыны уынаффæтыл, кæцытыл арæх  ныхас кæнæм.  Афтæма кусæм  Хуссары  партнертимæ, кæцы  ныр  тынг  релевантон у. Куыд уын  загътон афтæмæй,  зын у  ныр  ууыл дзурын, цæмæй  чи райсдзæн хайад Вашингтоны саммиты, ацы бадзырдтæ  æмцæдисонты æхсæн хъуамæ  ацæуа  æмæ уынаффæтæ дæр  уыдон хъуамæ рахæссой. Мæ  хъуыдымæ гæсгæ  Гуырдзыстон уыдзæн хуынд æмæ  бавдыст.  Нырма нæ  зонын, цы æмвæзадыл, фæлæ мæ уырны, цæмæй æгъгъæд бындур ис уый тыххæй  цæмæй  Гуырдзыстоны фæхоной.  Хуынд уæллагдæр æмвæзадыл æви министры æмвæзадыл  уыдзæн, уый  зæгъын зын у, фæлæ мæ уырны  цæмæй  боны кæрон  Гуырдзыстон  саммитыл уыдзæн  бавдыст» –  райхъусын  кодта  Коломина.