Хæдбар юристтæ æмæ æмбæстæгты инициативон къорд парламенты раз, тæрхонгæнджыты кандидатты номхыгъд фæмацы кæныны æркуырдæй акци уадзынц
Хæдбар юристтæ æмæ æмбæстæгты инициативон къорд парламенты раз, тæрхонгæнджыты кандидатты номхыгъд фæмацы кæныны æркуырдæй акци уадзынц.
Акцийы организаторы Каха Цъикаришвилийы фидиуæнæй, 20 лæгон номхыгъд, кæцыйы хъуамæ æркæса парламентыюридикъон фарстаты комитет, Михеил Чинчаладзейы кланы æвзæрст у æмæ хæдбар тæрхондон сифтонг кæнын хъом нæу.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ Михеил Чинчаладзе архайы, тæрхондон сараза сæрмагонд принципты æмæ методтæй. Каха Цъикаришвили акцийыл райхъусын кодта, цæмæй юристтæ, парламентмæ бадавдзысты фарстытæ, кæцытæ йæ хъуыдымæ гæсгæйæ, парламентартæ кандидаттæн æнæмæнгæй хъуамæ раттой.
Акцийы хайадисджытæ юристтæм æрсидтысты, сæрмагонд професси сæрыл рахæцой.
Гуырдзыстоны парламенты юридикъон фарстаты комитеты Сæйраг тæрхондоны тæрхонгæнджытæм кандидаттимæ ныхасы процесс райдыдта.Депутаттæ абон Фыццаг кандидатмæ, Тамар Аланиамæ хъусынц.