А.х. «Исламы Паддзахады»  хæцджытæ Афгъанистаны барадхъахъæнджытæм  бабырстой
А.х. «Исламы Паддзахады» хæцджытæ Афгъанистаны барадхъахъæнджытæм бабырстой

Афгъанистаны  хицауадон æфсады   æмæ   а.х.  «Исламы Паддзахады»   хæцджыты  æхсæн  быцæудзинады фæстиуæгæн  15 джихадисты  амардтой.

Афгъайнаг медийы   информацийæ,    быцæудзинæдты рæстæджы  20 радикал   исламист фæцæф сты.   Быцæудзинад  сырæзт  бæстæйы  скæсæны   Кунары   провинцийы.

А.х. «Исламы паддзахады»   хæцджытæ  барадхъахъхъæнджытæм бабырстой.

Дыууæфарсон æхстыты фæстиуæгæн  фæмард 3 полициаг  æмæ 13 та фæцæф  ис.

Хæлиу кæны информаци, цæмæй   быцæудзинад   Чавкъы районы,  ацы рæстæгмæ   даргъ кæны.