Немыцаг фарс  Гуырдзыстонæй ракуырдта æххуыс, Афгъанистанæй немыцаг æфсад ракæныны процессы [фото]
Немыцаг фарс Гуырдзыстонæй ракуырдта æххуыс, Афгъанистанæй немыцаг æфсад ракæныны процессы [фото]

Немыцаг фарс  Гуырдзыстонмæ куырдиатæй раздæхтис  Афгъанистаны Исламы Республикæйæ  немыцаг æфсад ракæныны процессы  æххуысы фæдыл.

Фæсарæн хъуыддæгты министрады информацийæ,  консультациты фæстæ  аскуыддзаг ис  рæстæгмæ регионалон  транзитон хабы  саразын  Тбилисы æхсæнадæмон аэропорты.

Афтæма сæ информацийæ,   июны  райдайæнæй, Тбилисы  æхсæнадæмон аэропорты  æрлæууыд 60-ы онг   персонал  æмæ Германийы уæлдæфон тыхты  сæрмагонд А400М типы цалдæр    æфсæддон хæдтæхæг, кæцыйы  фæрцы  æрластой  уаргъ æмæ   персоналы Мазар-и-Шарифæй  Тбилисмæ æмæ стæй та  сыххæст Германимæ транспортаци.

Уагдоны куыд хъусын кæнынц афтæмæй,   иу мæйы дæргъы, æмтгæй райсгæйæ  2000-ы онг  æфсæддоны æмæ   æмбæстагон уæнгы  транспортаци сыххæст.  Афтæма  операцийы фæлгæтты Афгъанистанæй  æхсæн-æрмæг  æмæ æфсæддон ифтонггæрзтæ  раластой.  Гуырдзыстон ахæм масштабы æхсæнадæмон-транзитон  операцийы фыццаг хатт райста хайад.

Гуырдзыстоны  Фыццаг Каналæн  Германийы уæлдæфон тыхты  минæвар  Олаф  Веллер куыд фехъусын кодта афтæмæй, зæгъгæ,  уый у бæрæг хайæ  Германи æмæ Гуырдзыстоны  тыхты æхсæн  дзæбæх  æмгуыстады  кæрон.

«Фæнысангонд  операцийы Гуырдзыстоны бастдзинад æдасдзинады  сферæйы  немыцаг-гуырдзиаг   æмгуыстады  радон дарддæрдзу у. Уымæн цæмæй  гуырдзиаг контингент НАТО-ы эгидæйæ   цæугæ «хъæддых æххуысы» мисси  немыцаг сæрдарады дæлбар, Мазар-И-Шарифы, базæ  «Мармалыл»  æххæст кодта æмæ   йæ сæйраг  рард  цырд реагир кæныны хæслæвæрдтæ  сыххæст  уыд. 2004  азæй  абоны онг, æндæр æмæ æндæр ротацийы  фæлгæтты  (ISAF, RSM) Афгъанистаны  сыххæст æхсæнадæмон мисситы хайад  20 минæй фылдæр гуырдзиаг æфсæддон райста» – райхъусын кодта Олаф Веллер.