Афгъанистаны 6.3 магнитудæйы тыхы зæххæнкъуысты фæстиуæгæн, иууыл цъус, 120 адæймаг амард, иу мины онг та цæфтæ сты
Афгъанистаны æрцæугæ зæххæнкъуысты фæстиуæгæн, иууыл цъус 120 адæймаг амард æмæ иу мины онг фæцæф сты.
6.3 магнитудæйы тыхы зæххæнкъуыст хурныгуылæны уæвæг горæт Гератæй 40 километры, бынæттон рæстæгæй 11:00 сахатыл æрцыд.
Медиа куыд фыссы афтæмæй, иууыл цъус, æртæ схуысты фæстиуæгæн базиан ис бирæ бæстыхай æмæ адæм кæлддзæгты бын фесты.
Агурæн-ирвæзынгæнæн куыстытæ ацы рæстæгмæ цæуынц.