Люк Коффи – Гуырдзиаг æфсæддæттæн  цыткæнынц  куыд АИШ-ы, афтæ НАТО-йы   æндæр бæстæтæ
Люк Коффи – Гуырдзиаг æфсæддæттæн цыткæнынц куыд АИШ-ы, афтæ НАТО-йы æндæр бæстæтæ

Кæд нæ фæнды,  Централон Азимæ  цæуæм Уæрæсейы, Китайы, Пакистан æмæ Ираны иувæрсты, уæд уый гæнæн физикъонæй нæ уыдзæн  æнæ Гуырдзыстон æмæ   Азербайджаны уылты ацыдæй; ныфс дарын, америкаг политиктæ  уый  ахъуыды кæндзысты, –  фæнысангонды фæдыл  «Херитидж Фоундейшены»   æддæ политикæйы центры  директор, Люк Коффи  Гуырдзыстоны радиоимæ  интервьюйы рæстæджы  загъта.

Афтæма йæ ныхæстæм æгсгæ,  зæгъгæ  Афгъанистаны æмæ АИШ-ы  ахастыты  перспективæ нæ уыны.

«Талибаны хицауады  дипломативон кæнæ фæнды  формалонæй   банымад  тынг стыр рæдыд уыдзæн. Уый  бæстæйы АИШ-æ  фылдæр фокусиргонд хъуамæ уа   Централон Азийыл  æмæ сифтонг кæна нæ геополитикон   интерестæ хъахъъхæнын   ацы регионы, централон Азийы  сæйраг паддзахадтимæ, Узбекистан æмæ Хъазахстанимæ дыууæфарсон ахастытæй.  Уый та нысан кæны, цæмæй  АИШ-æн дзæбæх   ахастытæ хъуамæ уа Гуырдзыстон æмæ Азербайджанимæ, уымæн æмæ   картæмæ куы æркæсæм, уæд  бæрæг у, цæмæй  нæ кæд фæнды  Централон Азимæ  цæуæм Уæрæсейы, Китайы, Пакистан æмæ Ираны иувæрсты, уæд уый гæнæн физикъонæй нæ уыдзæн  æнæ Гуырдзыстон æмæ   Азербайджаны уылты ацыдæй.  Ныфс  дарын, америкаг политиктæ  уый  ахъуыды кæндзысты, фæлæ нырма  уый нæ кæнынц, уымæн æмæ  архайынц  Кабулы  аэропорты  уæвæг кризис  алыг кæнын», –   банысан кодта  Люк Коффи.