А.х. «Исламы Паддзахады» хæцджытæ Афгъанистаны барадхъахъæнджытæм бабырстой
Афгъанистаны хицауадон æфсады æмæ а.х. «Исламы Паддзахады» хæцджыты æхсæн быцæудзинады фæстиуæгæн 15 джихадисты амардтой.
Афгъайнаг медийы информацийæ, быцæудзинæдты рæстæджы 20 радикал исламист фæцæф сты. Быцæудзинад сырæзт бæстæйы скæсæны Кунары провинцийы.
А.х. «Исламы паддзахады» хæцджытæ барадхъахъхъæнджытæм бабырстой.
Дыууæфарсон æхстыты фæстиуæгæн фæмард 3 полициаг æмæ 13 та фæцæф ис.
Хæлиу кæны информаци, цæмæй быцæудзинад Чавкъы районы, ацы рæстæгмæ даргъ кæны.