Карл Харцелл – Европаг  Советыл уæнг бæстæтæ  сфиксир кæндзысты сæ хъуыды уыцы аргъæвæрдыл æнцойæ,  кæцы публикацигонд уыдзæн сом, аргълæвæрды фæдыл  комментари  абон саразын мæ бон нæу
Карл Харцелл – Европаг Советыл уæнг бæстæтæ сфиксир кæндзысты сæ хъуыды уыцы аргъæвæрдыл æнцойæ, кæцы публикацигонд уыдзæн сом, аргълæвæрды фæдыл комментари абон саразын мæ бон нæу

Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар Карл Харцеллы фидиуæнæй,   зæгъгæ еврокомисси Гуырдзыстон, Украина æмæ Молдовæйы тыххæй  йæ  аргълæвæрд  публикаци скæндзæн сом  æмæ Евроцæдисы  уæнг бæстæты æхсæн  касты фæстæ, иу къуыримæ, Европаг Советыл  уæнг бæстæтæ  разæгъдзысты  сæрмагонд хъуыдыйы  фæдыл.

Харцеллы дзырдæй,   аргълæвæрды тыххæй  комментари абон  саразын йæ бон нæу.

«Ай у  нысаниуæгджын момент.  Нырма  нæу мæ бон, бæлвырд зæгъын,  кæд  публикаци скæндзæн Еврокомисси йæ хъуыдытæ.  Куыд æмбарын  афтæмæй,   уыдон нырма дæр кусынц, фæлæ  уырнæг дæн, цæмæй сом  публикаицгонд  уыдзæн.  Куыд зонæм уымæ гæсгæйæ,  а цы  хъуыдытæ, кæцытæ  æххæссынц  Украинамæ, Молдовæ æмæ Гуырдзыстонмæ, стæр æркæсдзысты  Евроцæдисы  уæнг бæстæты æхсæн  æмæ иу  къуыримæ, Европаг Советыл, уæнг бæстæтæ,  разæгъдзысты  сæрмагонд цæстæнгас  уыцы  аргълæвæрдмæ гæсгæйæ,  кæцы  публикацигонд уыдзæн сом.  Мæнæн  нæй  гæнæн саразын комментари  аргълæвæрды фæдыл абон,  фæлæ  хъавын   уый тыххæй  куырдиат саразын сом, куы фендзыстæм  сæ  публикацигонд документ, афтæдæр  хъавын уый  фæдыл дискуссимæ хайбавæрд скæнын» –   райхъусын кодта Карл Харцелл,к æцы  Европæйы  фæзыл  абоны æмбырды  иста хайад.

Европæйы фæзыл  уыдысты  Евроцæдисы, АИШ-ы, Францы, Лиетувæйы, эстонийы æмæ  болгарийы  минæвæрттæ дæр.

Гуырдзыстоны президент  Саломэ Зурабишвили  14 июны  ацæугæ брифнгыл  Гуырдзыстоны æмбæстæгтæм, партитæм æмæ хицауады минæвæрттæ æрсидтис Европæйы фæзымæ рацæуынмæ.

Президент  æмбæстæгтæм сидтис, 16 июны  иумæ равдисын Европæйæн цæмæй Гуырдзыстоны  хъæуы  Европæ.