Карл Харцелл æмæ йæ бинойнаг видео-сидт публикаци кæнынц - стыр бузныг уын, Гуырдзыстоны хайæг нæ кæй скодтат, уый тыххæй, Гуырдзыстон кæддæридæр уыдзæн нæхи хай дæр

Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар Карл Харцелл æмæ йæ  бинойнаг  Мете  Харцелл, Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн  хæрзбойнон  видео-сидт публикаци кæнынц.

«Æрлæууыд  афон, рох кæнын гæнæн, цæмæн нæй  ахæм цыппар  азы фæстæ, Гуырдзыстонæй  куы хъуамæ  ацæуæм.  Тынг  зæрдæрухс стæм  ацы  бæстæйы  æрвыст азтæй. Диссаджы  хъарм æмæ зæрдæхæлардзинад  хатыдыстæм Гуырдзыстоны  æмбæстæгтæй, кæцытимæ  æмбæлыдыстæм Тбилис æмæ  Гуырдзыстоны  æндæр рæтты.   Стыр бузныг  Гуырдзыстонæн   алцæй тыххæй», – хъусын кæны  Мете Харцелл  видео-сидты.

Евроцæдисы минæвар  Карл Харцелл  афтæдæр  бузныг дзуры  Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн. Йæ  дзырдæй, зæгъгæ Гуырдзыстон у  уникалон бæстæ.

«Стыр бузныг уый тыххæй, цæмæй нæ Гуырдзыстоны хайæ  скодтат, уый тыххæй,  цæмæй  Гуырдзыстон кæддæриддæр  уыдзæн  нæхи хай дæр.  Гуырдзыстон диссаг,  уникалон бæстæ у. Уæ фыдæлты  уæхсчытыл  лæуут, уыцы  адæймæгты, кæцытæ  тох  кодтой   ацы бæстæйы  тыххæй,  традициты, культурæйы, æвзаг æмæ байзæддагы тыххæй», – хъусын кæны Карл Харцелл.

Евроцæдисы минæвар  куыд банысан кодта  афтæмæй,   зæгъгæ ивгъуыд мæйы  Евроцæдисы бæлвырд  фехъусын кодтой, цæмæй Гуырдзыстонан ис Европаг перспективæ  æмæ цæмæй Гуырдзыстон Европаг нациты  бинонты  уæнг у.

«Сымах вæццæгæн  зыдтат, Гуырдзыстон  европаг бæстæ кæй  уыд уый, зыдтон æз дæр   æмæ зыдта Гуырдзыстоны хæлæрттæй  бирæ, фæлæ нæй гæнæн  аргъ ма скæнай уымæн, ома Евроцæдис Гуырдзыстоны потенцион  фидæн фæнгæй  официалонæй банымадта.  Нæкæсгæ  уымæ, цæмæй  нырма  бирæ  у саразинаг, мах  тынг хъал стæм, ацы историон моменты  æвдисæнтæ кæй  стæм уый æмæ   нæ уырны,  цæмæй  ацы моментæй сæвзæргæ  фадæттæй Гуырдзыстон æнтыстджынæй  спайда кæндзæн. Æнæрмæст уый тыххæй,  цæмæй историйы   дæргъы   бирæ  хатт  сбæлвырд кодтат, фæгæдзæ кæнынимæ  кæй не сфидаудзыстут, фæлæ ма уый тыххæй дæр, Гуырдзыстон Европаг структурæты бындурыл æнцой кæй кæны.  Гуырдзыстон дæр  иста хайад уыцы хæзнатæ  сфидар кæныны, кæцыты абон европаг аргъдзинæдтæй   хонынц,  уый тыххæй уæм ис  фадат  уæ хайбавæрд скæнат  Европæ стæнг кæныны.  Уæ энерги æмæ   ныфсджындзинад  тынг  фæзæрдæджын кæны.  Æмæ уыцы  бон куы æрлæудзæн,  æппæт ацы  энерги  иу  нысанмæ   куы  уыдзæн здæхт,   уæд  уæ ничи æмæ ницыуал бауромдзæн. Фидæны  фембæлдмæ  уал», – банысан кодта Карл Хацрелл  видео-сидты.

Карл Харцелл  Гуырдзыстоны  цыппар азон  дипломатон  мисси фæуд кæны.