Карл Харцелл – æнхъæлмæ ксын  фарстаты анкеты дыккаг хайы дзуаппытæм
Карл Харцелл – æнхъæлмæ ксын фарстаты анкеты дыккаг хайы дзуаппытæм

Æнхъæлмæ кæсæм хицауадæй  фарстаты анкеты  дыккаг хайы дзуаппытæм, ме нхъæлцмæ  гæсгæйæ,  сæ инннæ  мæйы  фендзыстæм, куыд  Еврокомиссийы  цæстæнгас, афтæ  фехъусдзыстæм  фыццаг  уынаффæтæ  дæр –  уый фæдыл Гуырдзыстоны Евроцæдисы  минæвар Карл Харцелл  райхъусын кодта.

Мнæвары дзырдæй,   ацы этапыл  фарстаты дыккаг  хайыл  дзуапп  нырма  нæ  райста.

«Æнхъæлмæ кæсæм  хицауадæй  фарстаты анкеты  дыккаг хайы дзуаппытæм. Ацы этапыл мæм нæй  информаци, кæд æмæ куыд  æрцæудзæн фарстаты анкеты  дыккаг хапйы ралæвæрд.  Ацы фарста вæццæгæн  хицауады минæвæрттæн хъуамæ раттæм.  Процессы тыххæй куы зæгъæм, уæд,  фарстаты анкеты  дыууæдæр хайы  баххæсты фæстæ, нырид еврокомиссимæ  уыдзæн  бакусинаг сæрмагонд позицийы тыххæй, кæцыйы бавдисдзысты  Евроцæдисы уæнг  бæстæтæн  Евроцæдисы советы уынаффæ рахæссынæн. Тынг арæхсгай  ныхас кæнын  ацы фарстайыл, уымæн æмæ иттæг нысаниуæгджын æмæ деликатон  процес у, фæлæ  ме нхъæлцмæ гæсгæйæ, нырид иннæ мæйы  фендзыстæм куыд  Еврокомиссийы  цæстæнгас, афтæ  фехъусдзыстæм  фыццаг  уынаффæтæ  дæр, кæцыты Евроцæдисы уæнг паддзахадтæ  рахæсдзысты, æмæ кæцытыл  спекуляцитæй мæхи аиуварс кæндзынæн» – райхъусын кодта Карл Харцелл.

Гуырдзыстоны премьер-министр, Ираклий Гъарибашвили  Евроцæдисы минæварады къухдариуæггæнæг   Карл Харцеллæн Еврокомиссийы  фарстаты анкеты  фыццаг  хайы  дзуаппытæ 2  майы  алæвæрдта.

Ираклий Гъарибашвили  банысан кодта, цæмæй  Гуырдзыстоны хицауад, алы хъæугæ паддзахадон уагдон дарддæр кæнынц   интенсивон  куыст фарстаты  дыккаг, секторон  хайы баххæст кæнынæн,к æцыйы ис 33 сæры æмæ 2 300-йы  онг  фарст.