Карл Харцелл -  æнæвизæ дыууæрдæм змæлд Гуырдзыстон-Евроцæдисы æхсæн  ахастыты цæстуынгæ æнтыст у
Карл Харцелл - æнæвизæ дыууæрдæм змæлд Гуырдзыстон-Евроцæдисы æхсæн ахастыты цæстуынгæ æнтыст у

Гуырдзыстоны Евроцæдисы  минæвар  Карл Харцелл  2021  азы фыццаг январæй  Шенгены  зонæйы бæстæтæм  балц кæнын кæй фæнды,  уыдоны уæлæмхас  басгæрсты  æрфидар кæныны тыххæй,   Тбилисы  аэропортмæ  фæуазæг ис.

«Æнæвизæ  дыууæрдæм цыд Гуырдзыстон-Евроцæдисы  æхсæн уæвæг  ахастыты иуæй-иу  сегасдæр  бæрæг  æнтыст   у æмæ уый тыххæй ахсджиаг у  нæхи аиуварс кæнæм  æнæвизæ  змæлдæй фыдвæнд   пайда кæнын æмæ  сифтонг кæнæм  ацы режимы максималонæй эффективон  куыст. Растдæр ацы тыхайрхайды хай у  Евроцæдисы/Шенгены зонæйы  бæстæтæм  балц кæнын кæй фæнды  Гуырдзыстоны, уыцы æмбæстæгты уæлæмхас басгæрсты процедурæйы æрбайст.  Уый нæу ног арæнæвæрд  кæнæ  ног  домæн.  Ногдзинад уый мидæг ис, цæмæй  2021 азы  фыццаг январæй  балцгæнджыты   басгæрст  Гуырдзыстонæй  сæ рацыды агъоммæ цæудзæн. Кусæм  Гуырдзыстон æмæ Евроцæдисы æмбæлон  уагдæттимæ  фæнысангонд  басгæрстытæ максималонæй æнæкуылымпыйæ, æхсæнадæмон  стандарттæм æмæ  регуляцитæм  æмбæлгæйæ  ауадзын сифтонг кæнынæн.   Ныфс мæ ис,  фидæн  азты  Евроцæдис æмæ Гуырдзыстоны æхсæн æнæвизæ  змæлды  масштабтæ  ноджы  райрæздзысты», – райхъусын кодта  Карл Харцелл.

Информацийы  хуъсын кæны  Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæварад.