Гуырдзыстон æмæ Перуйы æхсæн бафыстæуыд æнæвизæ дыууæрдæм змæлды фæдыл бадзырд

11:06, 19.09.2023

 

Гуырдзыстон æмæ Перуйы Республикæйы æхсæн  æнæвизæ дыууæрдæм  змæлды  фæдыл  бадзырд бафыстæуыд, кæцыйыл ИНО-йы  генералон ассамблейы   78-æм сессийы   фæлгæтты  уагъд фембæлдыл къух бафыстой  Гуырдзыстоны  фæсарæн хъуыддæгты министр Дарчиашвили Илиа æмæ  Перуйы фæсарæн хъуыддæгты министр Анна Сесилиа Гервас.

Æддагполитикон уагдоны пресскуысты хъусинагæй,  Нью-Йоркы  уагъд фембæлдыл  фарсытæ æркастысты дыууæфарсон  æмæ  бирæфарсон  бонвæткы  актуалон   фарстатæ æмæ фидæны перспективæтæ.

Хуыздæр