Канадæйы хъæды зынгсирвæзты аххосæй цæст хорз кæй не взары уый тыххæй Нью-Йоркы æмæ Филаделфийы аэропортты æргъæвд æрцыд тахтытæ [видео]

Нью Йоркы мэр, Эрик Адамс  Канадæйы  ахæлиугонд  масштабон   зынгсирвæзты  тыххæй, цæрджытæм  хæдзары ныллæууынмæ  æрсидтис.

Йæ дзырдæй  зæгъгæ, Нью-Йоркы  уый у  прецедент цæмæн нæй ахæм  фæзынд æмæ цæрджытæ  арæхстдзинад хъуамæ равдисой.

«Курæг стæм  Нью-Йоркы  цæрджытæй,   баззайæт  хæдзæрттыю алы æмбæстаг максималонæй  хъуамæ  арæн скæнæт  æддæйæ  кусын.  Сыхгæнут  рудзгуытæ,  пайда кæнут   уæлдæф сыгъдæггæнæнтæй, карджынтæ  кæд ыстут  кæнæ та уын ис  улæфыны  проблемæ, баззайут хæдзары.  Æддæмæ рацæуыны  цауы, æнæмæнгæй  дарут хæрзгъæд  маскæтæ» – æрсидтис цæрджытæ   мэр.

Канадæйы  хъæды  зынгсирвæзты аххосæй   цæст хорз кæй не взары  уый  тыххæй, Нью-Йорк æмæ  Филадельфийы  аэропортты  æргъæвд æрцыд  тахтытæ.

Урс Хæдзары  райхъусын  кодтой, цæмæй Канадæмæ хъæды сыгъды ныхмæ тох кæнынæн  æрвитынц æххуысю Фидиуæны куыд дзырдæуы афтæмæй,   АИШ  иудадзыг  контактыл ис  Канадæйы хицауадимæ æмæ  нырид  мобилизацигонд сты 600-йæ  фылдæр  америкаг зынгхуыссынгæнæг, афтæма  хъæугæ  ифтонггæрзтæ æмæ  техникæ.