Нью-Йоркы Рокфеллеры центры назы бæлас æссыгъдтой [видео]

Нью-Йоркы  Рокфеллекры  центры  назы  бæлас  срухс кодтой.  Бæрæгбонон церемони радæттой  америкаг телекомпаниты комкоммæ  эфиры.

Манхеттэны  центры  æвæрд норвегиаг  назы бæрзæнд 23  метры йас у  æмæ  йыл ауыгъд иси 50 000 лампæ цырагъ.

Рокфеллеры  центры Назы  ссудзыны  церемонимæ иу рацæуы  750 000-ы онг адæймаг, фæлæ  ацы  аз коронавирусы  пандемийы  тыххæй  архайæг арæнæвæрдтæм гæсгæйæ,   массон   æмбырдтæ  арæнгонд сты.

Рокфеллеры  центры  цур цыппурсон  назы бæлас  æвæрынц  1933-æм азæй.