Францаг «ADP къорд» балхæдта  компани «Tav Airports»-ы   акцитæ
Францаг «ADP къорд» балхæдта компани «Tav Airports»-ы акцитæ

Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили  «ADP къорды» вице-президент, Эдвард  Оркрайтимæ фембæлдис.

Гуырдзыстоны  премьер-министры  пресс-куысты  информацийæ,  францаг  компани  «ADP къорд»  «Tav Airports»-ы акцитæ  балхæдта  æмæ йæ  бардарæг ссис.

Хицауады администрацийы  куыд  хъусын кæнынц, афтæмæй  фембæлдыл  фарсытæ  фидæны æмгуыстады  перспективæтæ  æмæ аэропортты  фидæнон   райрæзты  стратеги афæлгæстой.  Хицауады  сæрдары  дзырдæй,   бæстæйы  цырд экономикон рæзт, афтæ  куыд   туризмы рæзгæ  динамикæ, амбицион планты   бакусын   фадат дæттынц.  Хъусдард здæхт уыдис  куыд Тбилисы, афтæ Батумы  æхсæнадæмон  аэропортты  сервисты  ноджы  фæхуыздæр кæныны  нысаниуæгмæ.

ADP къорд  фæтк дæтты æмæ  операци кæны  æндæр æмæ æндæр континенттыл  20-æй  фылдæр  аэропортæн. ADP къорд   фæткдæттынады  дæлбар  аэропорттæ  номдзыд сты  квалифициргонд  сервистæй  æмæ  æнæцудгæ райрæзтæй.

ADP къорд   (l’Aéroport de Paris)  бындурæвæрд уыд  1945 азы. Йæ  нысан  у бæлццæттæн бæрзонд   гъæды фысымдзинады  стандарттæ æмæ  зæрзгъæд  балц  банхъарын.  ADP къорд   партнертимæ  иумæ, фидæны  аэропорттæ аразы,  кæцы бындурæвæрд у инновацитыл, æнæцудгæ рæзынадыл, бирæфункцион   æмæ   иттæг хорз  сервистыл.

ADP къорды дæлбар сты     Францы,   Паризы,   Шарль де Голы  æмæ Орлы  аэропорттæ.