Каха Къаладзе – Гуырдзыстоны фæнды хæлардзинад, æмгуыстад, æмæ нæ фæнды лæггадгæнæг ахастытæ куыд АИШ-имæ, афтæ дæр Европæимæ
Гуырдзыстоны хицауад цæттæ у АИШ-имæ хæлардзинад, партнерады сног кæнын æмæ ноджы фæарфдæр кæнынмæ, кæцымæ æнхъæлмæ кæсæм ног администрацийæ – уый фæдыл сæйраг сахары мэр, Каха Къаладзе, АИШ-мæ фыццаг вице-премьер Леван Давиташвилийы сæргълæудæй экономикон къорды визиты æмæ Трампы администрациимæ ахастыты гæнæн сног кæныны фæдыл медиимæ ныхасы рæстæджы расидтис.
Каха Къаладзейы ныхасмæ гæсгæ, Гуырдзыстоны фæнды хæлардзинад æмæ æмкуыстдзинад куыд АИШ-имæ, афтæ дæр Европæимæ, нæ фæлæ лæггадгæнæг ахаст, кæцыйы Гуырдзыстоны хицауад нæ бауадздзæн.
«Мах фæнды хæлардзинад. Бирæ хæттыты уый тыххæй загътам, куыд принципиалон хъуыддаг, æмæ мæ фæнды ноджы иу хатт банысан кæнон, цæмæй Гуырдзыстоны хицауад цæттæ у хæлардзинадмæ, партнердзинадмæ. Мах цæттæ стæм ахастытæ ноджы фæарфдæр кæнынмæ, сног кæнынмæ, кæцымæ æнхъæлмæ кæсæм ног администрацийæ. АИШ-имæ ахастытæ махæн нысаниуæгджын сты. Цы ахаст уыд, уый никæмæн у райсгæ, æз дæр нæ дæн æууæнкджын нæдæр уыдонæн» – райхъусын кодта Каха Къаладзе.
Сæйраг сахары мэры ныхасмæ гæсгæ, Гуырдзыстоны интерестæ нывонд нæ уыдзысты æмæ нæй гæнæн, цыфæнды стыр паддзахад ма уа.
«Никæмæн лæвæрд æрцæудзæн фадат, цæмæй Гуырдзыстон искæй фæсвæд скæна, бæстæ цыфæнды стыр куы уа. æмгуыстад куыд Европæимæ афтæ дæр АИШ-имæ, нæу лæггадгæнæг ахаст Махæн нæй гæнæн æмæ нæ бауадздзыстæм уый, уый нæу раст» – банысан кодта Тбилисы мэр.
АИШ-ы президенты тохы фæдыл «Deep State»мæ Каха Къаладзе сиды, цæмæй ацы тох даргъ кæны æмæ Гуырдзыстоны хицауад ацы процессмæ цæст дары.
“Мах бирæ хæттыты дзырдтам, цæмæй мах хъус дарæм процесстæм. Президент Дональд Трампы сæйраг ныфсæвæрдтæй иу уыд афтæхуыйнæг Deep State-ы фæуæлахиз. Процесс цæуы. Бæрæг у, нырма фæуæлахиз нæу. “Deep State”æн ис бынтон арф уидæгтæ æрмæст нæ бæстæйы нæ, фæлæ ма дунейы æндæр æмæ æндæр бæстæты дæр. бандавынц махыл æмæ немæ нæ ахастытыл.Ма хъуыды кæнут, цæмæй АИШ-ы алцыппæт æрбæстон ис «Уым дæр ис проблемæтæ æмæ æртхъирæнтæ» – банысан кодта Каха Къаладзе.