Каха Къаладзе - Фæнды нæ АИШ æмæ Европæимæ ахастытæ сног кæнын æмæ алцыппæт ног фарсæй райдайын
Тбилисы мэр Каха Къаладзе сиды, цæмæй Гуырдзыстоны хицауад цæттæ у АИШ æмæ Европæимæ ахастытæ сног кæна.
Актуалон фарстæн дзуаппæн куыд загъта, афтæмæй фæстаг æртæ азы уыдысты тынг зын, фæлæ æхсæнад хорз бамбæрста, бæстæ цы зындзинæдтыл лæууыд, уый.
«Мах бирæ хатт равдыстам нæ цæттæдзинад æмахастыты нормализацийыл райгондæй райсын». Æнæхъæн ацы рæстæг мах хъахъхъæдтам нæ интерестæ, нæ бæстæ æмæ никæмæн уадзæм Гуырдзыстонæй йæхи нысанæн спайда кæнын. Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы æртæ азы уыдысты тынг зын. Хъуыды ма кæнут, цавæр расидæнтæ уыд арæзт – уыд комкоммæ тæссагдзинæдтæ, шантаж, кæцы ныр дæр дарддæр кæны, фæлæ тынг фидарæй лæууыдыстæм адæмимæ, равдыстам принципиалондзинад, æмбарын кодтам адæмæн реалондзинад, цавæр зындзинæдтыл лæууыд бæстæ, цавæр тыхтæ тох кодтой нæ паддзахаддзинады сæраппонд бынæттон уагдæтты бастдзинадæй. «Адæм алцыппæт бамбæрстой, нæ фарсыл рахæцыдысты æмæ иумæ бантыст бæстæйæн стыр бæллæх аиуварс кæнын», – банысан кодта Каха Къаладзе.
Тбилисы мэр ныфс дары, цæмæй афтæ хуынæг Арф Паддзахады фæуæлахизы фæстæ, Ныгуылæнимæ ахастытæ сног кæнын райдайдзысты æмæ æппæт уыдæттæ позитивонæй бандавдзысты Гуырдзыстоныл.
«АИШ-ы президент расидтис «Арф паддзахады» фæуæлахиз æмæ нæ фæнды, цæмæй алцыппæт Гуырдзыстоны æвдыст æрцæуа, æрмæст расидæнты фæрцы нæ фæлæ ма конкретон къахдзæфты æмæ архæйдтыты руаджы дæр, цæмæй райдайæм ахастытæ сног кæнын æмæ алцыппæт, суанг стратегион ахастытæ дæр ног фарсæй райдайæм», – банысан кодта сæйраг сахары мэр.