Кая Калас – Гуырдзыстоны хицауады бæрнон хæссæм дипломатон æмæ официалон паспортты хицæуттæн æнæвизæйон режимы урæды тыххæй, æркæсдзыстæм уæлæмхас мадзæлттæ
Гуырдзыстоны хицауады аххосджын кæнæм, дипломативон æмæ официалон паспорты хицæуттæн æнæвизæйон режим æруромыны фæндон бахæсгæйæ, – уый фæдыл социалон хызагы Евроцæдисы æддаг политикæ æмæ æдасдзинады фарстаты уæлдæр минæвар Кая Калас фыссы.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ æркæсынц уæлæмхас мадзæлттæм.
«Гуырдзыстоны хицауадæн йæ бон нæу сабырадон протесттæ æнæ фæстиуджытæй бауромын. Абон сæ дзуаппмæ æркæнæм, дипломатон æмæ официалон паспортты хицæуттæн æнæвизæйон режим æруромыны фæндон бахæсгæйæ. Æркæсæм уæлæмхас мадзæлттæм дæр», – фыссы Кая Калас.