Гуырдзыстоны ныртæккæйы уавæр тынг вазыгджын у – уый фæдыл Евроцæдисы æттаг политикæйы къухдариуæг æмæ Эстонийы раздæры премьер-министр Кая Калас Радио Сæрибары интервьюйы рæстæджы райхъусын кодта.
«Мах зонæм, цæмæй Гуырдзыстоны æмбæстæгты фылдæр хай Евроцæдисæн йæ фарсыл хæцынц æмæ тырнынц Евроцæдисмæ бацæуынмæ. Фæлæ Гуырдзыстоны ныры хицауад æндæр фæндаг равзæрста. Фарст у, цавæр инструменттæй нæ бон у спайда кæнын. Мах ныридæгæн æндæр здæхтам Гуырдзыстоны хицауадæн нысангонд фæрæзтæ, цæмæй æххуыс кæной æмбæстагон æхсæнадæн æмæ æнæхицауадон организацитæн, цæмæй сын баххуыс кæнæм европæйаг фæндагыл ацæуынæн», -расидтис Калас.
Ацы интервьюйы Евроцæдисы æттаг политикæйы хистæр афтæдæр фæныхас кодта Украинæйы конфликты æрбæстон кæныны перспективæтыл, банысан кодта, цæмæй ацы фарсты фæдыл Уæрæсейы æрдыгæй позитивон хъусынгæнинæгтæ нæй. Калас хъуыды кæны, цæмæй Евроцæдис хъуамæ хайад райса Украинайы фарстайы фæдыл бадзырдты, уымæн æмæ уый комкоммæ баст у Евроцæдисы æдасдзинады фарстаимæ æмæ æнæ Европæйы бастдзинадæй иунæг бадзырд дæр нæ кусдзæн.