Кая Калас – Тыхст стæм Гуырдзыстоны адæймæгты ахстæй, æвæрæм æндæвдад уыцы адæймæгтыл, кæцытæ сабырадон демонстрантты ныхмæ тыхмидзинад аразынц
«Мах тынг тыхстгонд стæм Гуырдзыстоны адæймæгты ахстæй, æндæвдад кæнæм уыцы адæймæгтыл, кæцытæ сабырадон демонстрантты ныхмæ тыхмидзинад аразынц», – расидтис Евроцæдисы уæлдæр минæвар Кая Калас Брюселы фæсарæн хъуыддæгты министрады рабадты агъоммæ.
Журналист æй бафарста, фембæлдыл Гуырдзыстоны фарстыл уынаффæ цæудзæн æви нæ, уымæй.
«Æндæр хъуыддæгтæм та цы хауы, ацы фарста æнæмæнг сæвзæрдзæн». Мах тынг тыхсæм адæмы ахстæй. «Мах æвæрæм æлхъывдад, сабырадон митинггæнджыты ныхмæ тыхми чи аразы, уыдоныл», — загъта Къалас.
Евроцæдисы æддаг хъуыддæгты министрады фембæлдыл Украинæйы фарстайыл фæуынаффæ кæндзысты æмæ видеоконференцийы фæрцы плангонд у хъуыдыты баивд Украинæйы æддаг хъуыддæгты министр Андрий Шибигаимæ. Европæйы министртæ афтæ дæр æруынаффæ кæндзысты Æввахс Скæсæны цаутыл, сæрмагондæй та Газæйы секторыл, Сирийы æмæ Ираны цаутыл. Уымæй дарддæр ма, министрады боны фæткы лæууы АИШ-Евроцæдисы ахастыты фарста.
Фæсарæн хъуыддæгты министрты фембæлды фæстæ, Брюсселы Сирийы фæдыл конференци сырæздзæн.