Кая Калас - Æппæт демонстрантты хъуамæ æвæстиатæй ссæрибар кæной, Гуырдзыстон цы къахдзæфтæ аразы, уыдон Европæйы æрдæм не сты
Кая Калас - Æппæт демонстрантты хъуамæ æвæстиатæй ссæрибар кæной, Гуырдзыстон цы къахдзæфтæ аразы, уыдон Европæйы æрдæм не сты

Æппæт демонстрантты хъуамæ æвæстиатæй ссæрибар кæной. Гуырдзыстон цы къахдзæфтæ аразы, уыдон Европæйы æрдæм не сты – уый фæдыл Евроцæдисы æттаг хъуыдтæгты æмæ æдасдзинады политикæйы уæлдæр минæвар Кая Калас Брюселы Евроцæдисы фæсарæн хъуыддæгты министрты фембæлды фæстæ уагъд пресс-конференцийыл расидтис.

Къаласы ныхасмæ гæсгæ, «Гуырдзыстон æнæмæнгæй раст къахдзæфтæ нæ кæны».

«Мах цыбыртæй æруынаффæ кодтам Гуырдзыстоны уæвæг уавæрыл». Репрессивон закъондæттынады райст æмæ протестгæнджыты ныхмæ æгæр тыхæй спайда кæнын регионы тыхст уавæр аразы. Æппæт ацы демонстрантты хъуамæ æвæстиатæй ссæрибар кæной. Бæрæг у, цæмæй Гуырдзыстон цы къахдзæфтæ аразы, уыдон Европæйы æрдæм не сты. Гуырдзыстоны хуызæн кандидат бæстæтæй æнхъæлмæ кæсæм бæрæг аргъдзинæдтæ æмæ къахдзæфтæм. «Бæрæг у, цæмæй Гуырдзыстон æцæгæйдæр раст къахдзæфтæ нæ аразы» – райхъусын кодта Кая Калас.