Юри Луик - НАТО æмæ Гуырдзыстон хъуамæ адарддæр кæной кусын, цæмæй уын иу бон раарфæ кæнæм куыд НАТО-йы уæнгтæн афтæ
Эстонийы хъахъъхæнынады министр, Юри Луик, хъусын кæны, цæмæй зæгъгæ НАТО æмæ Гуырдзыстон хъуамæ адарддæр кæной иуæмйаг куыст. Уый фæдыл Луик Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналимæ ныхасы рæстæджы, Лондоны, НАТО-йы лидерты фембæлды фæлгæтты уагъд мадзалыл райхъусын кодта.
«Иттæг нысаниуæгджын у, цæмæй тынг лæмбынæг æмгуыстад уа НАТО æмæ Гуырдзыстонæн, æмæ афтæдæр у. Гуырдзыстон у альянсы специалон партнер, уый банымадта НАТО. Альянс æмæ Гуырдзыстон хъуамæ адарддæр кæной иумæйаг куыст афтæ, цæмæй уын иу бон мах раарфæ кæнæм куыд НАТО-йы уæнгтæн афтæ.
Бухаресты саммиты деклараци æгас у, валидон у æмæ Гуырдзыстон æмæ Украина суыдзысты НАТО-йы уæнгтæ – тæпп. Уæрæсе алкæмæн у мæтыæфтауæг темæ, уый нымæцы Гуырдызстонæн, уый нымæцы Эстонйæн. Хъæуы æргомæй тынг дырысæй ныхас кæнын ууыл, цæмæй Уæрæсейы архæйдтытимæ йæ сыхы, æхсæнадæмон дзыллæ никуы бафидаудзæн», – райхъусын кодта Юри Луик.