Юри Луик -  НАТО æмæ Гуырдзыстон хъуамæ адарддæр кæной кусын, цæмæй  уын иу бон раарфæ кæнæм куыд НАТО-йы  уæнгтæн афтæ
Юри Луик - НАТО æмæ Гуырдзыстон хъуамæ адарддæр кæной кусын, цæмæй уын иу бон раарфæ кæнæм куыд НАТО-йы уæнгтæн афтæ

Эстонийы хъахъъхæнынады министр,  Юри  Луик, хъусын кæны,   цæмæй зæгъгæ  НАТО æмæ   Гуырдзыстон хъуамæ  адарддæр кæной   иуæмйаг  куыст.  Уый фæдыл  Луик  Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналимæ  ныхасы рæстæджы,  Лондоны, НАТО-йы  лидерты   фембæлды   фæлгæтты  уагъд  мадзалыл  райхъусын кодта.

«Иттæг нысаниуæгджын у, цæмæй   тынг лæмбынæг   æмгуыстад уа  НАТО æмæ Гуырдзыстонæн,   æмæ  афтæдæр у. Гуырдзыстон у  альянсы  специалон   партнер,  уый банымадта  НАТО. Альянс æмæ Гуырдзыстон  хъуамæ  адарддæр кæной   иумæйаг куыст   афтæ,  цæмæй  уын иу  бон мах раарфæ кæнæм  куыд НАТО-йы  уæнгтæн афтæ.

Бухаресты саммиты  деклараци æгас у,  валидон у  æмæ Гуырдзыстон æмæ Украина  суыдзысты  НАТО-йы  уæнгтæ –  тæпп.  Уæрæсе  алкæмæн у  мæтыæфтауæг темæ,  уый нымæцы Гуырдызстонæн, уый нымæцы  Эстонйæн.   Хъæуы   æргомæй  тынг  дырысæй   ныхас кæнын  ууыл, цæмæй  Уæрæсейы  архæйдтытимæ  йæ  сыхы,   æхсæнадæмон дзыллæ никуы  бафидаудзæн», –  райхъусын кодта   Юри Луик.