Эргнеты инциденттæ маруадзыны æмæ сыл реагиркæныны механизмты 102-æм фембæлд ацæудзæн
Эргнеты инциденттæ маруадзыны æмæ реагиркæныны механизмты (IPRM) фæдыл радæй 102-æм фембæлд ацæудзæн. Фембæлды фæлгæтты централон хицауад активонæй сæвæрдзæн æнæзаконон бордеризацийæ цы хуындæуы, уый фæдыл, æнæзаконон æрцахстыты æмæ сæрибарæй змæлдыл æвæрд æнæзаконон тобæты фарстатæ.
Фембæлдыл каст уыдзæн оккупацион хаххы дæргъмæ æмæ оккупацигонд территорийыл æрцæугæ инциденттæ иууылдæр, кæцытæ зын кæнынц бынатыл уæвæг æдасдзинады уавæр.
«Уыдис нын 33 æнæзаконон æрцахсты цаутæ январæй абоны онг. Растдæр ацы фарстæтæ уыдзысты тæрхоны сæйраг темæ. Ацы рæстгæмæ Цхинвалы æнæзаконон ахсты сты Гуырдзыстоны дыууæ æмбæстаг, бестауты Геннади æмæ Гела Гочъошвили. Гела Гочъошвилийы æрцахсты фæдыл информаци нæм æвæстиатæй æрбахæццæ ис. Мах куыд зонæм, афтæмæй, уый зылынджын кæнынц бæрæг криминалон активондзинады. Бацархайдзыстæм абон райсæм дзуаппытæ куыд йæ рцахсты, афтæ алы æндæр деталы фæдыл,» – райхъусын кодта ПÆК-ы аналитикон департаменты директоры хæдивæг Ираклий Антадзе.