Эргнеты фембæлдыл фæуынаффæ кодтой Куадзæны бæрæгбонтыл а.х. ауадзæн пунктты байгомы фæдыл
Байгом уыдзæн æви нæ ахизæн пункттæй цы хонынц уыдон æмæ лæвæрд уыдзæн æви нæ оккупацион хаххы дыууæдæр фарсыл цæрæг адæмæн Куадзæны бæрæгбонмæ сæрибарæй змæлды æмæ уæлмæрдтæм рацыды фадат, – ууыл абон Эргнеты инциденттæ маруадзыны æмæ сыл реагиркæныны механизмты къордты фембæлдыл уынаффæ кодтой. Де-факто режим ацы фарстыл уынаффæ Евроцæдисы тæвд хаххы фæрцы фехуъсын кæндзæн. 2008 азы хæсты фæстæ оккупацигонд территорийыл баззайæг уæлмæрдтæм рацæуыны фадат цæрджытæн æрмæст дыууæ хатт уыд лæвæрд.
Фембæлдыл гуырдзиаг фарс ноджы иу хатт æркуырдта æнæзакъонон ахсты уæвæг Гуырдзыстоны æмбæстæгты ссæрибар кæнын. Ныхас уыд Гуры муниципалитеты хъæуты цур уырыссаг æфсæддæтты æрдгæй æнæзакъонон инсталяцитæ сногыл дæр. Январæй абоны онг, æнæзакъонон бордеризацийы æхсæз факт сбæрæг ис.
«Ныуазæн æмæ донхæрæн доны фарстаты фæдыл ацæудзæн техникон фембæлд æмæ алы разæууæл ис, цæмæй ацы проблемæ алыг уа афтæ, куыд раззаг азты. Куадзæны бæрæгбонты сæрибарæй змæлды тыххæй куы зæгъæм, æкастыстæм фадат, цæмæй а.х. ауадзæн пункттæ байгом уæт цалдæр бон агъоммæ. Афтæма фæуынаффæ кодтам, цæмæй оккупацион хаххы дыууæдæр фарс цæрджытæм уа фадат уæлмæрдтæм ацæуын æмæ сын æнæпроблемæйæ змæлды фадат уа. Ис бæрзонд æввæццæгæнад, цæмæй уынаффæ уыдзæн ист, фæлæ бæлврд зæгъдзынæн, цæмæй уынаффæ хаст куы æрцæудзæн уæд нын æй фехъусын кæндзысты тæвд хаххы фæрцы», – райхъусын кодта фембæлды фæстæ ПÆК-ы аналитикон департаменты директоры хæдивæг Ираклий Антадзе.