Эргнеты цæуы инциденттæ маруадзыны æмæ сыл реагир кæныны механизмты къорды фембæлд
Эргнеты цæуы инциденттæ маруадзыны æмæ сыл реагир кæныны механизмты къорды фембæлд. Фембæлдыл иуæй-иу сæйраг æркæсинаг фарст у де-факто режиммæ æнæзаконон ахсты уæвæг Гуырдзыстоны æмбæстæгты ссæрибар кæныны фарста.
Гуырдзиаг фарс фембæлдыл æрдомдзæн Гахеладзейы æнæуæлдайныхасæй ссæрибар кæнын. Де-факто режиммæ æнæзаконон ахсты сты Гуырдзыстоны æртæ æмбæстаг. Гуырдзиаг фарс, афтæдæр спротест кæндзæн оккупацион хаххыл цæугæ æнæзаконон демаркацион куыстытæ.
Фæстаг къуырийы дæргъы, Карелы муниципалитеты цыппар хъæуы, уырыссаг æфсæддæттæ ног нысæнттæ æвæрынц. ПÆК-ы аналитикон департаменты директор Ираклий Антадзейы дзырдæй, зæгъгæ нысаниуæгджын у, Гуырдзыстоны æмбæстæгты ссæрибар кæныны æрдгæй, уа гуманитарон мадзæлттæ.
«Сæйраг фарста у æнæзаконон ахсты уæвæг Гуырдзыстоны æмбæстæгты ссæрибар кæнын. Афтæдæр сæйраг фарст уыдзæн фæстаг периоды фæактивогонд а.х. бордеризацийы процесс. Уый тынг знаггад кæны æдасдзинады уавæр æмæ тæссаг у оккупацион хаххы дæргъмæ цæрæг адæмæн. Сæйраг æрвитæггæгтæ æмæ не нхъæлц у уый, цæмæй æнæзаконон ахсты уæвæг нæ æмбæстæгтæ амалуæвгæйæ цыбырдæр æмгъуыдтæм æрыздæхдзысты сæ бинонтæм. Спайда кæнын хъæуы гуманитарон мадзæлттæй, æнæзаконон бордеризацийы контексты урæд æрцæуа уыцы архæйдтæ, кæцы æвзæрын кæны тас», – райхуъсын кодта ПÆК-ы аналитикон департаменты директоры хæдивæг.