Эргнеты цæуы инциденттæ  маруадзыны æмæ сыл реагир кæныны  механизмты  къорды фембæлд
Эргнеты цæуы инциденттæ маруадзыны æмæ сыл реагир кæныны механизмты къорды фембæлд

Эргнеты цæуы инциденттæ  маруадзыны æмæ сыл реагир кæныны  механизмты  къорды фембæлд.  Фембæлдыл   иуæй-иу  сæйраг  æркæсинаг фарст у  де-факто  режиммæ æнæзаконон  ахсты уæвæг   Гуырдзыстоны  æмбæстæгты ссæрибар кæныны  фарста.

Гуырдзиаг фарс  фембæлдыл  æрдомдзæн  Гахеладзейы æнæуæлдайныхасæй  ссæрибар кæнын. Де-факто  режиммæ æнæзаконон ахсты  сты  Гуырдзыстоны  æртæ æмбæстаг. Гуырдзиаг фарс, афтæдæр  спротест кæндзæн  оккупацион хаххыл цæугæ   æнæзаконон  демаркацион куыстытæ.

Фæстаг къуырийы  дæргъы,  Карелы  муниципалитеты  цыппар хъæуы,   уырыссаг æфсæддæттæ  ног  нысæнттæ  æвæрынц.  ПÆК-ы аналитикон департаменты  директор Ираклий Антадзейы  дзырдæй,   зæгъгæ нысаниуæгджын у, Гуырдзыстоны  æмбæстæгты  ссæрибар кæныны æрдгæй,  уа гуманитарон мадзæлттæ.

«Сæйраг фарста  у æнæзаконон ахсты  уæвæг   Гуырдзыстоны  æмбæстæгты  ссæрибар кæнын.  Афтæдæр сæйраг фарст уыдзæн фæстаг периоды  фæактивогонд  а.х.  бордеризацийы  процесс.   Уый тынг  знаггад кæны  æдасдзинады  уавæр  æмæ   тæссаг у   оккупацион  хаххы дæргъмæ   цæрæг  адæмæн. Сæйраг æрвитæггæгтæ  æмæ  не нхъæлц у уый, цæмæй  æнæзаконон ахсты  уæвæг   нæ æмбæстæгтæ  амалуæвгæйæ   цыбырдæр æмгъуыдтæм  æрыздæхдзысты  сæ бинонтæм. Спайда кæнын хъæуы гуманитарон мадзæлттæй, æнæзаконон бордеризацийы   контексты урæд æрцæуа уыцы  архæйдтæ, кæцы æвзæрын кæны тас», – райхуъсын кодта  ПÆК-ы  аналитикон  департаменты   директоры  хæдивæг.