Эргнеты цæуы инциденттæ маруадзын æмæ сæ аиуварс кæныны фæдыл механизмты фæлгæтты фембæлд
Эргнеты цæуы инциденттæ маруадзын æмæ сæ аиуварс кæныны фæдыл механизмты фæлгæтты фембæлд.
Фембæлдыл фарсытæ æрдзурдзысты оккупацион хаххгæрон йтынггонд фæзындтыл. Сæйраг фасрт уыдзæн де-факто хицауадмæ æнæзаконон ахсты уæвæг Гуырдзыстоны æмбæстæгты ссæрибар кæнын. Сеппæтæй уæззау æфхæрд стæрхон кодтой Заза Гахеладзейæн – 12 аз æмæ æхсæз мæййæ ахст. Гуырдзиаг фарс та абоны фембæлдыл фæстæмæ сæвæрдзæн Гахеладзейы æнæуæлдайныхасæй ссæрибар кæныны фарста.
Фембæлдыл афтæдæр æрдзурдзысты гуманитарон фарстытыл. Специалисттæ оккупацион хаххгæрон хъæуты иригацион системæты бацахуырмæ рывналдзысты. Техникон куыстыты, куыд Гуырдзыстоны централон хицауады, афтæ де-факто Цхинвалы минæвæрттæ исдзысты хайад. Дзырæдуы Тирипи-Салтвисисйы каналы фæдыл, кæцыйы донгуырæн фæцис оккупацигонд территорийыл æмæ дзы уымæй пайда кæнынц 30-æй фылдæр хъæуы, куыд гуырдзиаг – афтæ ирон хъæутæ дæр.
Фембæлдыл ныхас афтæдæр уыдзæн Ахалгоры ахизæн пункты уылты цæрджыты змæлдыл.