Энтонри Блинкен  Сомихыстон æмæ Азербайджанмæ  хæстон  архæйдтытæ æнæаргъавгæйæ бауромынмæ сиды
Энтонри Блинкен Сомихыстон æмæ Азербайджанмæ хæстон архæйдтытæ æнæаргъавгæйæ бауромынмæ сиды

АИШ-ы  паддзахадон нымæрдар  Энтони Блинкен  Сомихыстон æмæ Азербайджанмæ æрсидтис  æнæаргъæвгæйæ  бауромой хæстон  архæйдтытæ. Уый фæдыл дзырдæуы  Энтони  Блинкены  фидиуæны, кæцыйы публикаци кæны паддзахадон департамент.

«АИШ  сагъæс кæны  Сомихыстон-Азербайджаны  арæныл  тохæмбæлдты  фæдыл хъусинæгты тыххæй,   уый нымæцы   Сомихыстоны мидæгæй  цæрæн  рæтты æмæ æмбæстагон  инфраструктурæйы  ныхмæ   хафтыты фæдыл   информацийы  тыххæй.   Стыр рæстæг размæ  куыд райхъусын кодтам афтæмæй,    конфликты  æфсæддон фæндагæй  аскуыддзаг кæнын  гæнæн нæй. Курæм  кæцыфæнды  хæстон   архайдтытæ æнæаргъæвгæйæ бауромын», – дзырдæуы  фидиуæны.

Сомихыстон Азербайджаны арæйнон  районы интенсивон  æхсты баконды аххосджын кæны, Баку та  Ереваны  масштабон провокацийы зылынджын кæны.