Энтони Блинкен – Уæрæсе Украинайы  ныхмæ   цы хæст райдыдта  уый  гæнæн ис тагъд  ма  фæуа, уый тыххæй   æнæмæнгхъæугæ у  президент Владимир Путиныл  уæз кæнын дарддæрдæр
Энтони Блинкен – Уæрæсе Украинайы ныхмæ цы хæст райдыдта уый гæнæн ис тагъд ма фæуа, уый тыххæй æнæмæнгхъæугæ у президент Владимир Путиныл уæз кæнын дарддæрдæр

Уæрæсейы   Федераци Украинайы  ныхмæ   цы хæст райдыдта  уый  гæнæн ис тагъд  ма  фæуа, уый тыххæй   æнæмæнгхъæугæ у  президент Владимир Путиныл  уæз кæнын – уый фæдыл АИШ-ы  паддзахадон  нымæрдар  Энтони блинкен   Европаг   комиссийы   президент Урсула  фон дер Лайенимæ  иумæй2аг пресс-конференцийыл  райхъусын кодта.

«Хъыгагæн гæнæн ис  тагъд  ма фæуа  æмæ уый тыххæй дæр,   ацы тыхархайдæн, кæцыйы иумæ кæнæм, йæ фарсхæцæг хъуамæ  уæм.  Уыдоны ныфс æмæ сыл хъуамæ æрынцой кæнæм» –  загъта Блинкен.

Йæ  дзырдæй,  зæгъгæ  нæй  гæнæн æрмæст  уыцы  тыхархайдыл ныллæууын, кæцы Уæрæсейы   президент Владимир Путины архæйдтыты ныхмæ  у здæхт.

«Хъуамæ  баххуыс уæм,  цалынмæ  уый нæ ныллæудзæн  уæдмæ,   цалынмæ  хæст нæ фæуыдзæн, цалынмæ уырыссаг  тыхтæ  нæ  ацæудзысты фæстæмæ  æмæ  Украинаг адæм нæ   æрыздахдзæн  йæ  хæдбарад, суверенитет æмæ  территорион æнæхъæндзинад уæдмæ» – банысан кодта  Блинкен.