Энтони Блинкен  хъусын кæны, цæмæй   АИШ  уыны  тынг уырнинаг  бæлвырдгæнæнтæ, Уæрæсейы æрдгæй   сабырадон  цæрджыты ныхмæ  барæй  бырстыты  фæдыл
Энтони Блинкен хъусын кæны, цæмæй АИШ уыны тынг уырнинаг бæлвырдгæнæнтæ, Уæрæсейы æрдгæй сабырадон цæрджыты ныхмæ барæй бырстыты фæдыл

Энтони  Блинкены фидиуæнæй,  АИШ тынг  уырнинагыл  нымайы  бæлвырдгнæнтæ  Уæрæсейы  æрдгæй  сабырадон  цæрджыты  ныхмæ   барæй  лæбурды  фæдыл.  Фæнысангонды фæдыл  АИШ-ы паддзахадон  нымæрдар  «CNN»-æ   интервьюйы рæстæджы.

«Мах федтам  тынг уырнинаг   бæлвырдгæнæнтæ сабырадон цæрджыты нхмæ барæй  бырстыты   фæдыл,  кæцы у æфсæддон фыдракæнд.   Тынг уырнинаг  информаци нæм æрхæццæ ис бæрæг типы хæцæнгарзæйпайда кæныны фæдыл.   Ныр мах   æмбырд кæнæм  документаци  æмæ æркæсдзыстæм алцыппæт, цæмæй  баххуыс уæм  адæймæгтæн  æмæ организацитæн  кæцытæ   иртасынц   сыххæстфыдракæнд кæнæ  цæугæ æфсæддон   фыдракæндтæ» –  райхъусын кодта АИШ-ы падзахадон нымæрдар.

Уимæ ма «ВВС»-ы  информацийæ, Энтони Блинкен, кæцы  Молдовæйы Республикæйы уыди визитæй, райхъусын кодта, цæмæй АИШ активонæй  кусы цæмæй   Украина хæстон  хæдтæхджытæ райса.  Йæ  дзырдæй  зæгъгæ   Польшæмæ ис  советон  хæдтæхджытæ «Миг -29»  авикунæггæнджытæ, кæцытæй  архайынæн украинаг  пилотты ногæй  бацæттæ кнын нæ хъæуы.  Медиа  куыд  фыссы афтæмæй,   АИШ- советон рауагъды  авиакуынæггæнджыты бæсты, гæнæн ис  Польшæйæн   «Эф-16» типы  авиакунæггæнджытæ  ратта.

«Æмгъуыдтыл ныхас кæнын    мæ бон нæу,  æрмæст зæгъдзынæн, цæмæй   мах тынг  активон тæрхон кæнæм ацы  фарстайыл.  Æркæсдзыстæм   хæдтхджыты  фарста дæр, кæцы  Польшæйæн йæ бон у  ратта Украинайæн  æмæ хъуыды кæнæм, куыд  сын бафидæм компенсаци   Польшæйæн ацы  хæдтæхджыты тыххæй» –  загъта Блинкен  Молдовæмæ визиты рæстæджы.