Йенс Столтенберг -  Сау Денджызы регионы НАТО-йæ ис дыууæ хæстæг  æмæ тынг аргъджын партнер, Украина æмæ Гуырдзыстон
Йенс Столтенберг - Сау Денджызы регионы НАТО-йæ ис дыууæ хæстæг æмæ тынг аргъджын партнер, Украина æмæ Гуырдзыстон

Цæгат-атлантикон  альянсы  генералон  нымæрдар  Йенс Столтенберг  хъусын кæны, цæмæй   Сау Денджыз НАТО-йæ  стратегион нысаниуæгджын у. Уый фæдыл  Столтенберг   Украинайы   премьер-министр  Денис Шмыгалимæ иумæйаг пресс-конференцийы  райхъусын кодта.

«Хъуамæ  бамбарæм, цæмйæ Сау Денджыз  НАТО æмæ НАТО-йы  æмцæдисонтæн, афтæма нæ  денджызгæрон   уæнгтæн, Туркæн, Болгарийæн, Румынийæн стартегион нысаниуæг хæссы  æмæ ацы регионы   нын ис  дыууæ  хæстæг  æмæ тыхджын  аргъджын  партнер, Украина æмæ Гуырдзыстон.  Ацы рæстæджы уынæм  Сау Денджызы  Уæрæсейы  куыд нысаниуæгджын  фæтынг,  кæцы равзæрдис Хъырымы æнæзакъонон анексийæ  æмæ ма афтæдæр  цæугæ азы  Уæрæсейы денджызон  тыхты  нымæцы фæфылдæрæй», – загъта  Йенс Столтенберг.

НАТО-ы  генералон нымæрдары дзырдæй,   альянс афтæдæр   фæтынг кодта йæ минæварад Сау Денджызы  регионы æмæ  фæстаг цалдæр   боны  Сау Денджызы  æртæ америкаг    æфсæддон нау  æрлæууыд.  Уыимæ иумæ  НАТО  тынг кæны Гуырдзыстон æмæ Украинайæн  æххуыс, уый нымæцы  сæ  денджызон тыхтæн æххуысы  фæрцы.

«Бæлвырдæй хъуамæ базонæм, цæмæй  Сау Денджызы  ма уа  æрмæст иу бæстæйы, сæрмагондæй та Уæрæсейы   доминир кæнын», – райхъусын кодта  Йенс Столтенберг.