Йенс Столтенберг – НАТО-йы дуар гом у æмæ Уæрæсемæ нæй бар, блокъ сæвæрын Гуырдзыстоны альянсы уæнгсуæвыныл
НАТО-ы дуар гом у æмæ Уæрæсейæн нæй бар, блокъ сæвæра Гуырдзыстоны альянсы уæнгсуæвынæн – уый фæдыл цæгатлатлантикон альянсы генералон нымæрдар, Брюсселы лæвæрд пресс-конференцийыл райхъусын кодта.
Йенс Столтенбергы дзырдæй, НАТО зæгъгæ разы у Гуырдзыстоны альянсы уæнгсуæвынмæ тырнандимæ æмæ йын æххуыс кæны ацы æрдгæй.
НАТО-ы генералон нымæрдары фидиуæнæй, уый фæдыл уый цалдæр боны размæ лæвæрд фембæлды рæстæджы Гуырдзыстоны премьер министр Ираклий Гъарибашвилийæн дæр загъта.
«НАТО-ы дуар гом у æмæ уый бæрæг ссис, альянсы цалдæр азы размæ куы райстам Монтегеро æмæ Цæгат Македони. Уый нысан кæны уый æмæ НАТО цæттæ у ног уæнгты райсынмæ æмæ уый нæу æрмæст теори, ахæм у реалондзинад. Афтæ вæййы альянсы уæнгтæ иууылдæр разы куы вæййынц æмæ аспирант бæстæ та стандарттæм æмбæлон – уæд. Цъус рæстæг размæ фембæлдтæн Гуырдзыстоны премьер-министримæ æмæ йын раст ацы ныхæстæ загътон, ома НАТО йæ фарс хæцы Гуырдзыстонæн йæ тыхайрхайды, суа НАТО-йы уæнг. Мах сын ацы фæндагыл æххуысгæнæг стæм. Уый нымæцы реформæты æмæ демократон институтты сфидар кæныны дæр. Нæу мæ бон НАТО-йы уæнг паддзахадты бæсты ныхас кæныны, фæлæ æнхъæлмæ кæсын АИШ-ы паддзахадон нымæрдаримæ фембæлынмæ ам, НАТО-ы æмæ иуæй-иу фарста, кæцыйыл фæтæрхон кæндзыстæм уыдзæн Уæрæсе. Уæрæсейы цалдæр хатт загътой цæмæй сæм ис бар, блокъ сæвæрын бæстæты НАТО-йы уæнгсуæвыныл. Уый федтам фæстагмæ Босниа æмæ Герцоговинæйы цауы. Ноджы иу хатт зæгъдзынæн, цæмæй иунæг бæстæйæн дæр нæй бар, НАТО-ы уæнгты æмæ аспирант бæстæтæй уæлдай, искæцы конкретон бæстæйы НАТО-йы уæнгсуæвыныл блокъ сæвæрын æмæ уый æххæссы Гуырдзыстонмæ дæр. Гуырдзыстонæн ис суверенон бар, сывзара сæрмагонд къурс. Ацы демократон процессы хифæкæныны бар нæй никæмæн» – райхъусын кодта Йенс Столтенберг.
Брююсселы лæвæрд пресс-конференцийыл НАТО-йы генералон нымæрдар Йенс Столтенберг фæныхас кодта уыцы темæтыл, кæцытыл НАТОзйы уæнг паддзахадты фæсарæн хъуыддæгты министртæ тæрхон кæндзысты дыууæ бонон фембæлды рæстæджы 23 æмæ 24 марты, уый нымæцы уыдзæн Уæрæсейы фарст дæр. Ацы контексты цæгататлантикон альянсы генералон ынмæрдар, Гуырдзыстоны кой дæр ракодта. Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ Уæрæсейы гуырымыхъхъ халы æхсæнадæмон закъонтæ æмæ агрессвион йæхи дары сыхæгты, Гуырдзыстон æмæ Украинайы ныхмæ. Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ Уæрæсейы ахæм архайдтыл бæрн æвæрд цæуы Уæрæсейы президентыл.