Эммануэл Макрон рацыд инициативæйæ, сырæзæт ног альянс, кæцыйы баиу  уыдзысты Евроцæдисы æддæ бæстæтæ, сæ нымæцы Украина æмæ Британи
Эммануэл Макрон рацыд инициативæйæ, сырæзæт ног альянс, кæцыйы баиу уыдзысты Евроцæдисы æддæ бæстæтæ, сæ нымæцы Украина æмæ Британи

Францы президент Эммануэл Макрон  хъусын кæны, цæмæй разы у ног типы  «политикон Европаг  æмгарады» саразынимæ, кæцы  Евроцæдисы æддæ уæвæг бæстæтæн,  уый нымæцы Украина æмæ  Бритарийæн  ратдзæнг фадат, баиу уæд сæйраг  европаг аргъдзинæдтæм.

Страсбургы, Европарламенты  дзырдæй  ралæуды рæстæджы, Макрон  йæ дыккаг æмгъуыдæй  президентæй сывзарын, схуыдта  сигналæй, цæмæй  фарнцæгты хъæуы  фылдæр Европæ.

Афтæма  Макрон  банысан кодта,ц æмæй  украинагæты фæндонæн  блокы уæнгсуæвыны фæдыл, цалдæр аз бахъæудзæни  æмæ уый фæстиуæгæн  хъæуы  цыбырæмгъуыдмæ перспетиаæйы  бæрæг ныфс  раттын.

«Украина  йæ тохæй æмæ æндиуддзинадæй нырид у  Европæйы,  нæ бинонты, нæ  цæдисы  æргомзæрдæ уæнг.  Уымæн  тæккæ райсом куы ратдзыстæм кандидаты статус, йеуæддæр алчи  дзæбæх зонæм, цæмæй   уæнгсуæвыны процессæн азтæ  бахъæудзæнис» – загъта Макрон.

Уый бæсты, цæмæй  евроцдæис уæнгсуæвыны  стандарттæ  фæныллæгдæр кæна,  Макрон   рацыд  инициативæйæ, сырæза  параллелон иуæг, кæцы  ахæлиу уыдзæн  бæстæтыл кæцытæ  тырнынц  уæнгсуæвынмæ  кæнæ бæстæтæм, кæцытæ ныууагъдтой  блок, дæнцæн Британи.

ЙÆ дзырдæй, Европаг  политикон æхсæнад  гом  уыдзæнис демократон  европаг   бæстæтæн, кæцытæ  æххæст кæнынц  европаг   аргъинæдтæ  ахæм сферæты, цахæмдæр сты  политикон æмгуыстад, æдадсзинад, энергетикæйы æрдгæй  æмгуыстад, транспорт, инвестицитæ.