Элгуджа Хокришвили - Германийы кастæуы закъон легалон кусæн миграцийы æгъдæуттыл, кæцы Гуырдзыстоны æмбæстæгтæм дæр баххæсдзæн
Германийы кастæуы закъон легалон кусæн миграцийы æгъдæуттыл, кæцы Гуырдзыстоны æмбæстæгтæм дæр бандавдзæн – уый фæдыл журналисттæн фехъусын кодта Германийы Гуырдзыстоны минæвар Элгуджа Хокришвили, кæцы «минæвæртты конференци 2018»-ы исы хайад.
«Германийы, архайынц а.х. Ныгуылæн балканты регуляцитæ, кæцы йæ хъуыды дары цæмæй ацы бæстæйы æмбæстæгтыл легалон кусæн миграцийæн фенцондæргонд процедурæтæ кусынц. Уымæй та бæрæг у уый æмæ, кæд уыдон Германийы куыст ссардзысты æмæ сын уымæ æмбæлгæйæ кусæн контракт уыдзæн, цæмæй рæстæгмæ кусæн визæ райсой æмæ куыстмæ æрвналой. Афтæдæр уый æххæссы, Германийы профессион ахуыры курысыты ацæуын, æмбæлон куыстбынат рацагурын æмæ куыст райдайынмæ.
Германийы бундестаг абон миграцийы закъоныл тæрхон кæны, кæцы хъуамæ срегулир кæна, куыд ныр уæвæг миграцийы процдурæтæ, афтæ легалон кусæн миграцийы фæткъæвæрд. Ног закъонопроекты Гуырдызстон, куыд евроцæдисисмæ ассоциацигонд бæстæ æрцæудзæн хаст æмæ закъон Гуырдзыстоны æмбæстæгтæм дæр бахæхссдзæн. Уый та иуырдыгæй баххæссдзæн куыд квалифициргонд кадртæм, афтæдæр уыцы куыстагурджытæм, кæцытæ ацыдысты профессион ахуыры къурсытæ кæнæ та Германийы куыстбынат ссардзысты» – райхъусын кодта Элгуджа Хокришвили.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, легалонæй кусын цалдæр сектормæ æххæссы. Йæ фидиуæнæй, зæгъæн ис æртæ къуырийы размæ публикацигонд æрцыд Германийы иуæй-иу институты иртасæн, кæцымæ гæсгæ Германийæн фæдылдзог азты мидæг зæгъæн ис 400 мин кусæг бахъæудзæн, цæмæй Германийы экономикæ райтынгæн уыцы темпытæ ма фесафа, кæцы фæдылдзог азты дæргъы æнæмæнгхъæугæ у.
«Уырдæгй рацæугæйæ, Германийы хъæуынц кадртæ алы æрдæм, куыд бæрзонд квалификацийы, афтæдæр профессион ахуыры ардæмадæй. Ацы закъонопроет йæ хъуыдыйы квотæтæ нæ дары æмæ дзы уыдзæн приоритетон ардæмадтæ, кæцыты дæр фылдæр куыстбынат уыдзæн. Афтæдæр баст уыдзæн куысты базары доментыл» – райхъусын кодта Элгуджа Хокришвили.