Экатерине Тъикъарадзе хъусын кæны, цæмæй оккупацигонд регионты цæрæг уæнгтæн, вакцинацимæ регистраци æнæмæнгхъæугæ нæ уыдзæн
Оккупацигонд регионты цæрæг уæнгтæн вакцинацимæ регистраци æнæмæнгхъæугæ нæ уыдзæн, – уый фæдыл Гуырдзыстоны æнæнизхъахъхъæды министр Экатерине Тъикъарадзе координацион советы рабадты фæстæ хицауады администраци лæвæрд брифингыл райхъусын кодта.
«Комкоммæ медицинон уагдоны бавдисгæ æмбæлгæ документацийы бындурыл æмæ фæндоны цауы, уыдон ацæудзысты регистраци. Зонæм уыцы медицинон персоналы нымæц , кæцы оккупацигонд территорийыл уæвынц. Уый тыххæй дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, уыдонæн рауæлдайгонд ис хъæугæ нымæцæй дозæтæ, 500-мæ æввахс. Зондзыстут цæмæй уыдон пайда кæнынц Гуырдзыстоны территорийыл уæвæг пенсион уæлбартæй æмæ уыдоны тыххæй советмæ ис цæстæнгас, цæмæй цы нымæцæй дозæтæ уыдзæн рауæлдайгонд. Фæлæ уый тыххæй цæмæй нын регистрацийы æнæмæнгхъæуындзинад нæй ацы процедурæйы æмæ максималонæй архайæм, къух ацаразын оккупацигонд территоритыл цæрæг нæ æмбæстæгты вакцинацийæн, дозæтæ нæ фæкъаддæр кæндзыстæм. Уыдон нæ уыдзысты арæнгонд вакцинæйы сæвзæрсты», – райхъусын кодта Экатерине Тъикъарадзе.