Экатерине Тъикъарадзе – Гуырдзыстоны централон хицауад, æхсæнадæмон партнерты фæрцы, цæттæ у, баххуыс кæнын сæрмагонд æмбæстæгтæн оккупацигонд территоритыл
Оккупацигонд Гуырдзыстоны тиерриторитæй лигъдæтты, куысты, æнæниздзинады æмæ социалон хъахъхъæды министр Экатерине Тъикъарадзе æнæниздзинад хъахъхъæнынады æппæтдунейон организацийы ассамблейыл длзырдæй ралæуды рæстæджы, оккупацигонд территоритыл уæвæг уавæры фæдыл фæныхас кодта.
Министр банысан кодта, цæмæй бæстæ мобилизацигонд у оккупацигонд территоритыл цæрæг æмбæстæгтæн æххуысмæ.
«Нæ бæстæйы 20 процент оккупацигонд у. Хъыгагæн, растдæр уый тыххæй Гуырдзыстоны централон хицауадмæ нæй æххæст информаци, оккупацигонд Абхаз æмæ Цхинвалы регионы уæвæг эпидемиологион уавæры фæдыл. Оккупацион режимты æрдгæй ахæлиугонд информаци реалондзинадмæ нæ бады. Гуырдзыстоны централон хицауад, ИНО-йы агентадты æмæ æндæр æхсæнадæмон партнерты фæрцы, цæттæ у, баххуыс кæнын сæрмагонд æмбæстæгтæн оккупацигонд территоритыл», – фехъусын кодта Экатерине Тъикъарадзе дзырдæй ралæуды рæстæджы.