Японийыл йæхи ныццавдта тропикон шторм «Лан». Медиайы информацийæ, мингай адæймагы эвакуаци бахуъыд, дæсгай мин абонент та æнæрухсæй баззад.
Киотойы æнæнцайгæ къæвдайы фæстиуæгæн ивылд цæугæдон хид аласта. Фидар уады æмæ дæлдзырæтты тыххæй, афтæма базиан ис Кансайы, Шикокуйы æмæ Чугокуйы регионтæ. Синоптикты прогнозæй, сабыр океаны донбылыл абон æнхъæлмæкæсинаг у шторм.
Стихийы тыххæй бынæттон хицауад æмбæстæгты æнхъæлмæкæсинаг сыджытлæсæны æмæ донивылдты тыххæй фæдзæхсы. Дæс префектурæйы æмбæстæгты эвакуацийы барамынд раттой. Урæд у æфсæнвæндагон змæлд, куылымпыгондæй кусынц аэропорттæ. Штормы тыххæй ивд æрцыд 800-йæ фылдæр рейс.