Израилы, Тель-Авивы цæгатварс автобусы æрлæууæны ныццавдта уæзласæн машинæ, дæсгай адæймæгтæ фæцæф сты
Израилы, Тель-Авивæй цæгатæрдæм автобусы æрлæууæны ныццавдта уæзласæн машинæ, кæцыйы фæстиуæгæн дæсгай адæймаг фæцæф. Пъæлицæйы информацийæ, уый уыд æнæбары бырст. Медийы информацийæ, шофыр бынатыл фæмард.
Инциденты фæстæ 35 цæфгонды фæхæццæ кодтой рынчындæттæм. «Таймс оф Израилы» хъусинагæй, инцидент Джиллоты базæйы цур æрцыд. Уый у Израилы хъахъхъæнынады тыхты ахуырадон базæ.
Фæцæфгондтæй æхсæзæн сæ уавæр уæззау у, фондзæн рæстæмбис цæфтæ ис.
Израилы медийы информацийæ, амæттæгты фылдæр хай ацæргæ адæймæгтæ сты, кæцытæ автобусæй рахызтысты æввахс музеймæ.
«Таймс оф Израилы» куыд фыссы афтæмæй, пъæлицæйæгтæ дызæрдыг кæнынц, цæмæй инцидент уыд террористон акт. Пъæлицæйы информацийæ, уæзласæн машинæйы шофыры æбæрæг хæцæнгæрзтæ амардтой.