Иру Хечанова Евроуынынады æрдæгфиналон этапмæ абон генералон репетици ацæудзæн
Евроуынынады ацы азы конкурсыл Гуырдзыстоны минæвар Иру Хечанова Ливерпулы «M&S Bank Arena»-ыл абон генералон репетици ацæудзæн.
Конкурсы æрдæгфиналон этапыл та, Иру сом, 11 зæрдæвæрæны 11-æм номырæй рацæудзæн.
Конкурсон рацыды онг иу бон агъоммæ Иру Хечанова фæсарæнты уæвæг Гуырдзыстоны æмбæстæгтæм фарсхæцынмæ æрсидтис.
«Фæнды мæ ноджы иу хатт фæсидон кæсджытæм, цæмæй мын баххуыс кæной. Хъæлæскæыныны æдыл алыгъуызон информацийы та Фыццаг Каналы фейсбукфарсыл æмæ онлайн платформæтыл базондзысты», – райхъусын кодта Иру Хечанова.
Гуырдзыстон ацы аз Евроуынынадыл зæрагимæ «Echo» рацæудзæн, кæцыйы композитор у Гига Кухианидзе.
Гуырдзыстоны Фыццаг Канал конкурсы комкоммæ трансляци 11 майы, 23:00 сахатыл равдисдзæн.