Ирон фарсы ссæрибаргонд Элдар Гундишвили - Мæ цæхæрадоны уыдтæн, æмæ мæ уым рацахстой
Оккупацигонд Цхинвалы рæстæгмæ ахсты изоляторæй ссæрибаргонд Гуырдзыстоны дыууæ æмбæстагы МХМ-ы Шида Картлийы департаменты æрфарстой.
Элдар Гундишвии æмæ Хъæзиаты Теймуразы оккупацион режим æнæиварæй ссæрибар кодта.
Элдар Гундишвили Фыццаг Къаналимæ ныхасы рæстæджы рымысыд ахсты детæлттæ. Гундишвилийы дзырдæй уый æмæ Хъæзиаты Теймуразы хицæнтæй æрцахстой.
«Мæ цæхæрадоны уыдтæн, стур хызтон æмæ мæ уым рацахстой. Цæхæрадон оккупацион хаххæй 100 метры ис. Уым хæстæг ис кувæндон æмæ уымæй дарддæр ахизын бар нæм нал ис. Тæрхон нæ сырæзт, нæдæр мын ивар бафидын кодтой. Мæ бинонтæ нырма ницы зонынц» – хъусын кæны ссæрибаргонд Элдар Гундишвили.
Гуры муниципалитеты Адзвийы хъæуæй уырыссаг оккупанттæ дыууæ гоймагы знон аскъæфтой. Элдар Гундишвили æмæ Хъæзиаты Теймуразы абон ссæрибар кодтой.