Ираклий Шотадзе фембæлдис Азербайджаны генералон прокуррор, Камран Алиевимæ
Ираклий Шотадзе фембæлдис Азербайджаны генералон прокуррор, Камран Алиевимæ

Гуырдзыстоны генералон  прокуррор  Ираклий Шотадзе Азербайджаны  Республикæйы  генералон прокуррор, Камран Алиевим фембæлд. Информаци  хъусын кæны  генералон прокуратурæ.

Фембæлдыл фарсытæ  дыууæ бæстæйы  æхсæн  расттæрхоны  æрдгæй   æмгуыстады   нысаниуæгыл,  фыдракæндимæ  тохы  фæлтæрддзинад кæрæдзийæн  йæхай кæныны,  Гуырдзыстон æмæ Азербайджаны  тугтæрхоны  барады сферæйы фæстаг азты  уæвæг   æнтыстыты  æмæ быцæусидтытыл æмæ фыдракæнды  ныхмæ   иуæмæйаг  эффективон   тох  ноджы стынг кæныныл  фæныхас кодтой.

Азербайджаны Республикæйы генералон  прокуррор, Гуырдзыстонмæ фæуазæг ис, прокуррорты æхсæнадæмон   ассоциацийы  (IAP) 27-æм  афæдзон  конференцийы  æмæ генералон  фембæлды фæлгæтты фæуазæг ис, кæцы 25-29  сентябры  Тбилисы  цæудзæн.

Прокуррорты æхсæнадæмон конференцийыл 60 бæстæйы 300  прокуррор, ИНО-йы, Евроцæдисы, Европæйы Советы, АИШ-ы  юстицийы  департаменты (DOJ), тугтæрхоны барады  расттæрхоны сферæйы  кусæг  æмбæлгæ хайады  минæвæрттæ æмæ фæнысангонд  сферæйы  кусæг  бæрзонд   æмвæзады  эксперттæ  уыдзысты.