Ираклий Гъарибашвили  Илья Дыккагæн арфæ кæны интронизацийы  45-æм азы сæры фæдыл
Ираклий Гъарибашвили Илья Дыккагæн арфæ кæны интронизацийы 45-æм азы сæры фæдыл

Гуырдзыстоны  Каталикос-Патриарх Илиья Дыккагæн  зæрдиагæй  арфæ кæнын интронизацийы  45-æм азы сæр – уый фæдыл Гуырдзыстоны  премьер-министр  Ираклий гъарибашвили  фыссы «Фейсбукы».

«Йæстыр сæрмагонд  хайбавæрды фæрцы, ног Гуырдзыстоны  арæзтады  процесс  чырыстонон  хæзнатæм фæстæмæ æрыздæхтæй  райдыдта.  Æнæхъæн ацы дæсой азты дæргъы  нæ  патриарх  нæ иу  ныфсджын кæны,  баиу нæ кæны, кæрæдзийы  фарсмæ лæууын, бæстæйæн  службæ кæныны  удæгас цæвиттон   дæтты,  фидар нын кæны  фидæны ныфс.

Хæзнатæ,к æцытæ  нын йæ цардæй  æмæ йæ куыстæй  сфидар кодта, универсалон æмæ  æппæтадæймагон  сты,  мах  алкæй сæрмагонд –  æмхуызон нысаниуæгджын æмæ зынаргъ  нæ  бирæнацион  бæстæйы  алы  æмбæстапгæн; уый тыххæй  дæр йын ацы  диссаджы  бон  арфæ кæнын нæ дзыллæйæн.

Бирæ  цæрæнбонтæ æмæ  æнæниз куыд  уа нæ Патриарх уыцы арфæтæ йын  зæгъы  мæ  зæрдæ, нæ адæмы æмæ æбæстæйы фарнæн»-   банысан кодта  премьер министр.